Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 2:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Ӕмӕ-иу Елиа Елкана ӕмӕ йӕ бинойнагӕн арфӕ ракодта: «Дунедарӕгӕн цы саби радтай, уый ныхмӕ ма дын Дунедарӕг ацы сылгоймагӕй цот рауадзӕд». Ӕмӕ-иу стӕй сӕ хӕдзармӕ аздӕхтысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 2:20
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ загъта: «Арфӕгонд уӕд Аврам Иууылбӕрзонд Хуыцауӕй, арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕгӕй!


Хуыцау уӕ уд ӕмӕ буарӕй дӕр не сиу кодта? Ӕмӕ иу чи сси, уымӕн йӕ нысан цӕй мидӕг уыди? Хуыцау кӕй ралӕвар кодта, уыцы цоты агурын. Уӕдӕ хъахъхъӕнут уӕ удтӕ, ӕмӕ уӕ алчидӕр, йе ’взонджы бонты цы бинойнаджы ӕрхаста, ууыл гадзрахатӕй ма рацӕуӕд.


Симеон сӕ Хуыцауыл бафӕдзӕхста ӕмӕ Йесойы мад Мариайӕн загъта: «Ацы Сывӕллоны тыххӕй израилӕгтӕй бирӕтӕ дӕлӕмӕ ӕрхаудзысты ӕмӕ бирӕтӕ сбӕрзонд уыдзысты. Уый расайдзӕни быцӕутӕ,


Уый тыххӕй дын Дунедарӕг Йӕ хорзӕх раттӕд; дӕхи Йе ’вджид бакӕнынмӕ Кӕмӕ ӕрбацыдтӕ, уыцы Дунедарӕгӕй, Израилы Хуыцауӕй, дын ӕххӕст хӕрзиуӕг уӕд!»


Кулдуары цур цы адӕм уыди, уыдон, стӕй хистӕртӕ иууылдӕр иумӕ дзуапп радтой: «Ӕвдисӕнтӕ стӕм! Дӕ къӕсӕрыл цы сылгоймаг бахиздзӕн, уый, ӕгас Израил кӕмӕй рантысти, уыцы Рахел ӕмӕ Леайы фарнӕй схайджын кӕнӕд Дунедарӕг! Ефрафӕйы дын бирӕ бантысӕд, дӕ ном нӕрӕд Вифлеемы!


Аннӕ расомы кодта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Дӕ цагъары хъизӕмармӕ куы ’ркӕсай, куынӕ Дӕ ферох уа Дӕ цагъар ӕмӕ йын тырын куы ралӕвар кӕнай, уӕд ӕй Дунедарӕгӕн снывонд кӕндзынӕн. Цӕргӕ-цӕрӕнбонты уыдзӕни Дӕу, ӕмӕ йӕ сӕрыл сӕрдасӕн никуы андзӕвдзӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ