Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 2:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Ӕрыгон сауджынтӕ Дунедарӕджы раз цыдысты стыр тӕригъӕды, уымӕн ӕмӕ Йын афтӕмӕй Йӕ номыл хаст нывӕндтӕ ӕгад кодтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 2:17
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕджы раз уыди ӕрдхӕрӕны цуанон. Уымӕн фӕзӕгъынц, Нимродау ӕрдхӕрӕны цуанон у Дунедарӕджы раз, зӕгъгӕ.


Содомы цӕрджытӕ фыд адӕм уыдысты, Дунедарӕджы раз — ӕгӕр тӕригъӕдджын.


Фӕлӕ зӕхх Хуыцауы раз сӕнӕуаг ис, фыдракӕндӕй байдзаг ис.


Арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты, дӕсны фарста ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, суанг ма мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты дӕр баххуырста. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон чи уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ бирӕ сарӕзта, ӕмӕ Йӕ мӕсты кодта.


Де ’взаг нывӕнды сӕрысӕфты фӕндтӕ, цыргъ сӕрдасӕнау дын мӕнгард у.


Йерусалим йӕ бындзарӕй нынкъуысыд, саст ӕрцыдис Иудей, уымӕн ӕмӕ адӕм дзыхы ныхасӕй дӕр ӕмӕ хъуыддагӕй дӕр Дунедарӕджы ӕфхӕрдтой, йӕ ныхмӕ рацыдысты ӕргом.


Ӕмӕ ма ноджы мӕнӕ цытӕ кӕнут: Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз кӕут ӕмӕ дзыназут, Дунедарӕг уын уӕ нывӕндтӕм кӕй не ’ркӕсы ӕмӕ сӕ кӕй нал айсы, уый тыххӕй.


Сар йӕ сӕр ацы дунейӕн, тӕригъӕдмӕ мондаггӕнӕнтӕ дзы кӕй ис, уый тыххӕй. Уыцы мондаггӕнӕнтӕн ӕнӕ фӕзынгӕ нӕй, фӕлӕ сар йӕ сӕр, кӕй аххосӕй ӕрцӕуой, уыцы адӕймагӕн.


Ӕмӕ-иу лӕггадгӕнӕгӕн афтӕ чи загъта, уадз ӕмӕ уал раздӕр фиу сыгъд ӕрцӕуа, стӕй уӕд ахӕсдзынӕ, цыдӕриддӕр дӕ хъӕуы, уый, зӕгъгӕ, уымӕн-иу уый афтӕ: «Нӕ, ныртӕккӕ ӕри, науӕд ӕй мӕхӕдӕг райсдзынӕн».


Ӕз ын загътон, Мӕ азарӕй йӕ хӕдзар мыггагмӕ кӕй бабын уыдзӕн, уый, уымӕн ӕмӕ Елиа азымджын у: уый зыдта, йӕ фырттӕ се ’нӕгъдау митӕй Хуыцауы кӕй ӕгад кӕнынц, уый ӕмӕ сӕ нӕ урӕдта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ