Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 2:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 ауагъта-иу ӕй аджы, дурыны кӕнӕ алгъацы, ӕмӕ-иу цӕуылдӕриддӕр фӕхӕст ис, уыдон-иу сауджын йӕхицӕн айста. Афтӕ кодтой Елиайы фырттӕ, Силоммӕ сӕм чи цыди, уыцы израилӕгтӕй алкӕмӕн дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 2:14
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Куыйтау зыд ӕмӕ кӕрӕф сты, ӕфсис нӕ зонынц. Адӕмы хъӕр кӕмӕ нӕ хъуысы, уыцы фыййӕуттау сӕ алчи тыхсы ӕрмӕст йӕхи удыл, йӕхи пайдайыл.


Уымӕн ӕмӕ Ӕз израилӕгтӕн сӕ фидыды нывӕндтӕй райстон, хӕрдмӕ кӕй систӕуы, уыцы кӕразимаг, стӕй рахиз сгуы ӕмӕ сӕ дӕттын сауджын Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн. Уый сын у мыггагмӕйы хай израилӕгтӕй».


Мӕ адӕмы фыдтӕ Мын хӕрут, сӕ царм сын стигъут, се стджытӕ сын ныммур кӕнут; дзидза аджы сфыцынӕн, цӕджджинаджы ныккалынӕн куыд скӕрдынц, уыйау сӕ ныкъкъуыхтӕ кӕнут.


Фӕлтау сымахӕй исчи Кувӕндоны дуӕрттӕ куы сӕхгӕнид, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл арт дзӕгъӕлы мауал судзат. Мӕ зӕрдӕ уӕ нӕ райы, уӕ нывӕндтӕ уын нӕ айсдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


сауджынтӕм адӕмы раз цы хӕстӕ хауы, уыдон ницӕмӕ дардтой. Исчи нывонд ӕрхаста ӕмӕ ныридӕгӕн дзидзатӕ уӕларт фыцынц, зӕгъгӕ, уӕд-иу сауджыны лӕггадгӕнӕг ӕртыкъахыг фыдисимӕ ӕрбацыд,


Ӕгӕрыстӕмӕй-иу нывондӕн йӕ фиу дӕр нӕма басыгътой, афтӕ-иу ӕрбацыди сауджыны лӕггадгӕнӕг ӕмӕ-иу загъта нывонд ӕрхӕссӕгӕн: «Ӕри-ма фыдызгъӕл сауджынӕн физонӕгӕн. Фыхӕй йӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ хомӕй».


Уӕдӕ ма, Мӕ Хӕдзармӕ цы нывӕндтӕ ӕмӕ цы хуынтӕ хӕссын бафӕдзӕхстон, уыдон та уӕ къӕхтӕй цӕмӕн ссӕндут? Дӕ фыртты Мӕнӕй уӕлдӕр цӕмӕн сӕвӕрдтай? Фӕйнӕрдӕм фӕцыдыстут, Израилы, Мӕ адӕмы, нывӕндты хуыздӕр хӕйттӕй уӕхи ӕфсадгӕйӕ!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ