Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 2:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 сауджынтӕм адӕмы раз цы хӕстӕ хауы, уыдон ницӕмӕ дардтой. Исчи нывонд ӕрхаста ӕмӕ ныридӕгӕн дзидзатӕ уӕларт фыцынц, зӕгъгӕ, уӕд-иу сауджыны лӕггадгӕнӕг ӕртыкъахыг фыдисимӕ ӕрбацыд,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 2:13
5 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы лӕг мын загъта: «Сауджынтӕ ацы бынаты фыцдзысты фиддоны ӕмӕ тӕригъӕды нывӕндтӕ, стӕй хойраджы хуынтӕ. Ӕддаг кӕртмӕ дзы ницы рахӕсдзысты, цӕмӕй адӕмӕй, уаз цы у, ууыл мачи бандзӕва».


ауагъта-иу ӕй аджы, дурыны кӕнӕ алгъацы, ӕмӕ-иу цӕуылдӕриддӕр фӕхӕст ис, уыдон-иу сауджын йӕхицӕн айста. Афтӕ кодтой Елиайы фырттӕ, Силоммӕ сӕм чи цыди, уыцы израилӕгтӕй алкӕмӕн дӕр.


Елиа ӕрзӕронд ис. Йӕ хъустыл-иу ӕрцыди, йӕ фырттӕ Израилы адӕмӕн цы митӕ кодтой, уый, ноджы ма, Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ цы лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕ уыд, уыдонимӕ-иу кӕй ӕрӕмуат сты, уый дӕр.


Уӕдӕ ма, Мӕ Хӕдзармӕ цы нывӕндтӕ ӕмӕ цы хуынтӕ хӕссын бафӕдзӕхстон, уыдон та уӕ къӕхтӕй цӕмӕн ссӕндут? Дӕ фыртты Мӕнӕй уӕлдӕр цӕмӕн сӕвӕрдтай? Фӕйнӕрдӕм фӕцыдыстут, Израилы, Мӕ адӕмы, нывӕндты хуыздӕр хӕйттӕй уӕхи ӕфсадгӕйӕ!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ