Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 19:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Йӕ цард дӕр ӕвгъау нӕ кодта, афтӕмӕй амардта филистимаг богалы, ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн радта стыр уӕлахиз. Ды уыдӕттӕ куы федтай ӕмӕ куы бацин кодтай, уӕд дӕ цӕмӕн фӕнды ӕназым туг ныккалын, Давиды ӕнаххосӕй амарын?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 19:5
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

фӕлӕ Елеазар фидар фӕлӕууыд, филистимӕгты цагъта, цалынмӕ йӕ къух бастад ӕмӕ йын карды фистоныл нындӕгъд, уӕдмӕ. Уыцы бон Дунедарӕг стыр уӕлахиз радта. Ӕфсад фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд ма сӕ ӕрмӕстдӕр хъуыди, мӕрдтӕм исбонӕй цы уыд, уый ӕрӕмбырд кӕнын.


уӕд Елеазар ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ хуымы астӕу ӕрлӕууыдысты ӕмӕ хуым дӕр бахъахъхъӕдтой, филистимӕгты дӕр ныццагътой — Дунедарӕг Израилӕн стыр уӕлахиз радта.


Ӕртӕ ӕхсарджыны филистимӕгты рӕсӕнуатмӕ бабырстой, Вифлеемы кулдуары цур цъайӕ дон систой ӕмӕ йӕ Давидӕн ӕрхастой. Фӕлӕ дзы йӕ зӕрдӕ нӕ бакуымдта бануазын, Дунедарӕджы кадӕн ӕй акалдта


Дунедарӕг — Дӕ рахизфарс. Йӕ азары бон паддзӕхты ӕрцӕвдзӕн.


Дӕ хорзӕх мӕ цӕстыты раз ис ӕдзухдӕр, ӕмӕ цӕрын Де ’цӕгадмӕ гӕсгӕ.


Чи мыл феради, афтӕ йын хъӕуы, зӕгъгӕ, уыдон ӕгадӕй сӕхи фӕстӕмӕ айсӕнт.


«Ма тӕрсут! — дзырдта Моисей адӕмӕн. — Ӕнцад лӕуут ӕмӕ уӕхӕдӕг фендзыстут, ныртӕккӕ уӕ Дунедарӕг куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Фӕстаг хатт ма уынут мысырӕгты — нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нал фендзыстут.


Фӕлӕ зонут: куы мӕ амарат, уӕд уӕхи дӕр, стӕй ацы сахар ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджыты дӕр ӕнаххос адӕймаджы тугӕй фӕчъизи кӕндзыстут! Уымӕн ӕмӕ, ӕцӕг уын зӕгъын, ацы ныхӕстӕ уын хъӕлӕсыдзагӕй фехъусын кӕнынмӕ мӕн рарвыста Дунедарӕг».


Пилат федта, йӕ бон саразын кӕй ницы у, уый ӕмӕ змӕст тынгӕй-тынгдӕр кӕй кӕны. Уӕд райста дон, адӕмы раз йӕ къухтӕ цӕхсадта ӕмӕ загъта: «Ӕз ацы тугкалды аххосджын нӕ дӕн. Уӕ бар уӕхи».


ӕмӕ загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн, ӕназым туг кӕй ауӕй кодтон, уымӕй». Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмӕ нӕ хауы. Дӕхи хъуыддаг у».


Фӕлӕ афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уа, се ’Гъдауы цы фыст ис, уый: „Дзӕгъӕлы Мӕ уынынц се сӕфт“.


Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.


Чырыстийы хъуыддаджы сӕраппонд Эпафродит мӕлӕтмӕ цыди, йӕ цард ӕвгъау нӕ кодта, цӕмӕй, сымахӕн уӕ бон цы нӕ уыди, уыцы ӕххуыс мын уӕ бӕсты бакӕна.


уӕд мах куыд баззайдзыстӕм ӕнӕфхӕрдӕй, уыцы стыр ирвӕзындзинад куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд? Ирвӕзындзинады кой фыццаг Дунедарӕгӕй рацыди, уый фӕстӕ та, Уымӕй йӕ чи фехъуыста, уыдон ӕй махӕн бӕлвырд радзырдтой.


Уе ’ххуысмӕ уын ӕнхъӕлмӕ дзӕгъӕлы кӕсын, уый куы бамбӕрстон, уӕд мӕхӕдӕг, мӕ цардыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, аммонӕгты ныхмӕ схӕцыдтӕн. Дунедарӕг мын сӕ мӕ къухмӕ радта. Уӕдӕ ныр мемӕ хӕцынвӕнд цӕмӕн скодтат?»


Мӕ фыд уӕ сӕрыл бирӕ фӕтох кодта. Цӕмӕй уӕ мидианӕгтӕй фервӕзын кӕна, уый тыххӕй йӕ цардыл нӕ ауӕрста!


Фӕлӕ Саул загъта: «Ацы бон никӕй хъӕуы марын — абон Дунедарӕг уӕлахиз радта Израилӕн».


Фӕлӕ адӕм Саулӕн загътой: «Ау, Ионатан хъуамӕ амӕла, Израилӕн ахӕм стыр уӕлахиз чи ӕрхаста, уый? Тобӕ зӕгъ! Сомы кӕнӕм Дунедарӕгӕй, йӕ сӕрӕй иу ӕрду дӕр не ’рхаудзӕн, уымӕн ӕмӕ йын абон Хуыцау радта уыцы уӕлахиз». Афтӕмӕй адӕм фервӕзын кодтой Ионатаны: йӕ сӕры хыгъдмӕ ӕрхастой нывонд, ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззади.


Саул байхъуыста Ионатанмӕ ӕмӕ ард бахордта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй, Давиды нӕ амарын кӕндзынӕн».


Ионатан бафарста йӕ фыды: «Цӕй тыххӕй йӕ хъӕуы марын? Цы ракодта?»


Ахимелех дзуапп радта паддзахӕн: «Де ’ппӕт дӕлдӕртӕй дыл Давидау иузӕрдион чи у? Паддзахы сиахс дӕр у ӕмӕ дӕ хъахъхъӕнджыты хицау дӕр. Дӕ хӕдзаронтӕ дӕр ӕй тынг нымайынц.


Сылгоймаг бацыди Саулмӕ ӕмӕ йӕ тынг тарстхуызӕй куы федта, уӕд ын загъта: «Кӕсыс, дӕ цагъар дӕм байхъуыста. Мӕ удӕн тас у, уый зонгӕйӕ, уӕддӕр сӕххӕст кодтон, цы мын загътай, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ