Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 19:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 ӕмӕ йӕм фӕхабар кодта: «Мӕ фыд Саул дӕ марынмӕ хъавы, ӕмӕ-иу райсом сӕумӕйӕ дӕхи бахиз, фӕсвӕд ран-иу бамбӕхс.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 19:2
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Басгӕрстай мын мӕ зӕрдӕ, ӕхсӕвыгон мӕ бафӕлвӕрдтай ӕмӕ мӕм ницы ссардтай хӕрамӕй: мӕ хъуыдытӕ нӕ хицӕн кӕнынц мӕ ныхӕстӕй.


Ӕрдхорд кӕддӕриддӕр демӕ ис; ӕфсымӕр та уымӕн райгуыры, цӕмӕй фыд заманы дӕ разы уа.


Уыцы сусӕгвӕнды тыххӕй базыдта Павелы хойы лӕппу. Бацыди фидармӕ ӕмӕ йӕ радзырдта Павелӕн.


Фӕлӕ сын Савл базыдта сӕ сусӕгвӕнд. Йӕ амарыны тыххӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй хъалагъур хастой сахары кулдуары раз.


Саул загъта йӕ фырт Ионатанӕн ӕмӕ йе ’ппӕт дӕлдӕртӕн, Давиды амарынмӕ кӕй хъавы, уый. Фӕлӕ Саулы фырт Ионатан тынг уарзта Давиды


Ӕз рацӕудзынӕн, ды кӕм уай, уырдӕм, фӕссахармӕ. Уым мӕ фыды цурмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ йын дӕ кой ракӕндзынӕн. Стӕй, цы фехъусон, уый дын радзурдзынӕн».


Ионатан ын загъта: «Тобӕ зӕгъ! Нӕ амӕлдзынӕ. Дӕхӕдӕг ӕй зоныс, мӕ фыд ме ’вастӕй нӕдӕр стыр, нӕдӕр гыццыл хъуыддаг аразы. Ацы хъуыддаг дӕр мӕ цӕмӕн хъуамӕ бамбӕхса? Дӕ гуырысхотӕ дзӕгъӕлы сты».


Давид Ионатанӕн загъта: «Райсом мӕйноджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ мын паддзахы фынгыл бадгӕ у. Фӕлӕ мӕ ауадз, ӕмӕ уал иннӕбон изӕрмӕ фӕссахар мӕ сӕр бафснайон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ