Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 19:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Саул загъта йӕ фырт Ионатанӕн ӕмӕ йе ’ппӕт дӕлдӕртӕн, Давиды амарынмӕ кӕй хъавы, уый. Фӕлӕ Саулы фырт Ионатан тынг уарзта Давиды

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 19:1
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыдон ӕй дардмӕ суыдтой ӕмӕ сӕм цалынмӕ хӕццӕ кодта, уӕдмӕ йӕ марынвӕнд скодтой.


Йевосфеты сӕр бахастой Хевроны сахармӕ, паддзах Давидмӕ. Загътой йын: «Мӕнӕ, амарынмӕ дӕ чи хъавыди, уымӕн, де знаг Саулӕн, йӕ фырт Йевосфеты сӕр. Дунедарӕг мӕ хицау ӕмӕ мӕ паддзахӕн йӕ маст райста Саул ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕй».


Давид Саулимӕ куы ныхас кодта, уӕд Ионатаны зӕрдӕмӕ фӕцыди, йӕхи удау ӕй бауарзта.


Саул сын бафӕдзӕхста: «Зӕгъут Давидӕн: паддзахы ирӕд нӕ хъӕуы, ӕрмӕст ын йе знӕгтӕй йӕ маст райс — амар сӕдӕ филистимаджы, сунӕт сын скӕн ӕмӕ сын сӕ лыггӕгтӕ паддзахмӕ ӕрбахӕсс». Саул йӕ зӕрдӕ дардта, ныр Давид филистимӕгты къухӕй амӕлдзӕн, зӕгъгӕ.


Ионатан Давидӕй загъта ӕрдхорд, уымӕн ӕмӕ йӕ бауарзта йӕхи удау.


Саулӕн йӕ маст фыхти, хъыг ын уыдысты уыцы ныхӕстӕ. Йӕхинымӕр загъта: «Давидӕн радтой дӕсгай минтӕ, мӕнӕн та — минтӕ. Паддзахы бынат хъуаг ма у ӕрмӕстдӕр».


Ӕмӕ зулмӕ кӕсын райдыдта уӕдӕй фӕстӕмӕ Давидмӕ.


ӕмӕ йӕм фӕхабар кодта: «Мӕ фыд Саул дӕ марынмӕ хъавы, ӕмӕ-иу райсом сӕумӕйӕ дӕхи бахиз, фӕсвӕд ран-иу бамбӕхс.


Давид алыгъди, Рамайы цур цы Найоты сахар ис, уырдыгӕй. Ионатанмӕ фӕцыд ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Цы ракодтон уагӕр? Цы аххос мӕм ис? Цӕмӕй фӕтӕригъӕдджын дӕн дӕ фыды раз, марынвӕнд мӕ цӕмӕн кӕны?»


Иннӕбон ноджы тынгдӕр бӕрӕг уыдзӕн, уым кӕй нӕ дӕ, уый. Ацу ӕмӕ, дӕхи айразмӕ кӕм бамбӕхстай, уым, Азелы обауы цур, банхъӕлмӕ кӕс.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ