3 Ионатан Давидӕй загъта ӕрдхорд, уымӕн ӕмӕ йӕ бауарзта йӕхи удау.
Давид, Саулы фырт Ионатанимӕ Дунедарӕджы раз цы ард бахордтой, уый йӕ зӕрдыл дардта ӕмӕ Ионатаны фырт Мефивошетыл бацауӕрста.
Мӕгуыр адӕймаг ныхас кӕны лӕгъстӕхуызӕй, хъӕздыг та гуырымыхъ дзуапп ратты.
Саул загъта йӕ фырт Ионатанӕн ӕмӕ йе ’ппӕт дӕлдӕртӕн, Давиды амарынмӕ кӕй хъавы, уый. Фӕлӕ Саулы фырт Ионатан тынг уарзта Давиды
Лӕппу араст ис, Давид та обауы хуссарварсӕй рацыд ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом. Ӕртӕ хатты ныллӕг акуывта Ионатанӕн, стӕй кӕрӕдзийӕн аба кодтой ӕмӕ ӕмхъӕлӕсӕй ныккуыдтой. Уӕлдай тынгдӕр куыдта Давид.
Ионатан загъта Давидӕн: «Цу фарнимӕ. Дунедарӕджы номӕй ард кӕй бахордтам, уымӕн та Дунедарӕг ӕз ӕмӕ дӕуӕн, стӕй мӕ байзӕддаг ӕмӕ дӕ байзӕддагӕн ӕвдисӕн уӕд мыггагмӕ».
Мӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд цӕмӕн скодтат? Куыд ничи мын фехъусын кодта, мӕ фырт ӕмӕ Йессейы фырт кӕрӕдзийӕ ӕрдхӕрдтӕ загътой, уый? Уӕ иу дӕр мын нӕ фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ нӕ радзырдта, мӕ фырт мӕ цагъары мӕ ныхмӕ кӕй сардыдта, цӕмӕй мын абон знаггад кӕна».
Дунедарӕджы раз та кӕрӕдзийӕ ногӕй ӕрдхӕрдтӕ загътой. Ӕмӕ Давид баззади Хорешы, Ионатан та йӕ хӕдзармӕ раздӕхт.