18 Давид Саулӕн загъта: «Чи дӕн ӕз, ӕмӕ чи у мӕ хъӕстӕ ӕмӕ мӕ фыды мыггаг Израилы? Куыд хъуамӕ суон паддзахы сиахс?»
Паддзах Давид Дунедарӕджы цатырмӕ бацыди, ӕрзоныг кодта ӕмӕ загъта: «О Бардарӕг Хуыцау! Чи дӕн ӕз ӕмӕ чи сты мӕ фыдӕлтӕ дӕр, цӕмӕй мӕ афтӕ бӕрзонд сисай?
Ахимаац — Неффалимы хӕдзарвӕндаджы зылды хицау; Соломоны чызг Басемат уыди йӕ ус.
Фӕлӕ Моисей загъта: «Чи дӕн ӕз, цӕмӕй ацӕуон фараонмӕ ӕмӕ израилӕгты Мысырӕй ракӕнон?»
Дунедарӕджы тас ахуыр кӕны уӕлзондыл, кады разӕй цӕуы сӕрныллӕгдзинад.
Хъӕздыгӕн йӕ исбон — йӕ фидар мӕсыг, бӕрзонд сисау ӕм кӕсы.
Ӕз Ын дзуапп радтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз дзурынмӕ нӕ арӕхсын, — нырма ӕвзонг дӕн».
Руф йӕ разы ӕрзоныг кодта ӕмӕ йӕ бафарста: «Уагӕр дын уый бӕрц цӕмӕй балхӕдтон дӕ зӕрдӕ, ӕмӕ, кӕд ӕндӕрбӕстаг дӕн, уӕддӕр мӕм де ’ргом раздахай?»
Саулы дӕлдӕртӕ уыцы ныхӕстӕ Давидмӕ фӕхӕццӕ кодтой. Уый сын дзуапп радта: «Сымахмӕ гӕсгӕ, паддзахы сиахс суӕвын ӕнцон у? Ӕз мӕгуыр дӕн, адӕмы ’хсӕн — ӕнӕрӕгъыдзыд».
Саул ын дзуапп радта: «Ӕмӕ ӕз Израилы цыбырдӕр хӕдзарвӕндагӕй куы дӕн — Бениамины байзӕддаг. Мӕ мыггаг дӕр Бениамины хӕдзарвӕндаджы мыггӕгтӕн сӕ тӕккӕ гыццылдӕр куы у, уӕд мын уый куыд зӕгъыс?»