16 Израилӕгтӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ та йӕ се ’ппӕт дӕр уарзтой, уымӕн ӕмӕ хӕстон балцыты лӕууыди сӕ сӕргъы.
Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Дунедарӕг дын загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“».
О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, мӕ фыд Давиды бӕсты ныр мӕнӕ Дӕ цагъары паддзах скодтай, фӕлӕ ӕз ӕвзонг ӕмӕ ӕвӕлтӕрд дӕн, хъуыддагӕн ницыма зонын.
Ксерксы фӕстӕ дыккаг лӕг уыди паддзахады иудейаг Мардохей. Тынг ӕй нымадтой ӕмӕ уарзтой йӕ адӕм. Йӕ адӕм ӕвыд ӕмӕ амондджынӕй куыд цӕрой, ууыл архайдта кӕддӕриддӕр.
балцы цӕугӕйӕ дӕр ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ дӕр сӕ разӕй чи цӕуа, йӕ фӕдыл кӕнын сӕ йӕ бон кӕмӕн уа ӕмӕ-иу сӕ фӕстӕмӕ дӕр чи ’рбакӕна, цӕмӕй Дунедарӕджы дзыллӕ ӕнӕфыййау дзуджы хуызӕн ма уа».
фӕлӕ уымӕн ницы амал ардтой, уымӕн ӕмӕ адӕм иудадзыг иууылдӕр Йемӕ уыдысты ӕмӕ Йын Йӕ алы ныхасмӕ дӕр хъуыстой.
Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, динамонджытӕ ӕмӕ алчертӕ уый бамбӕрстой, ӕмӕ Йӕ тӕккӕ уыцы сахат бӕргӕ ӕрцахстаиккой, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты.
Ӕмӕ Саул йӕхицӕй адард кодта Давиды. Йе ’фсады йӕ миныхицауӕй сӕвӕрдта, ӕмӕ Давид ӕфсады сӕргъы цыди хӕстон балцыты.
Саул уыдта Давиды стыр ӕнтыстытӕ ӕмӕ дзы тарсти.
Саул-иу Давиды кӕдӕм арвыста, уым-иу уый алкӕддӕр разынд ӕнтыстджын, ӕмӕ йӕ Саул сӕвӕрдта ӕфсады хицауӕй. Давиды бауарзтой ӕппӕт адӕм дӕр ӕмӕ Саулы дӕлдӕртӕ дӕр.