Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 18:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Дыккаг бон та Саулыл, йӕхи хӕдзары уыди, афтӕмӕй Хуыцауы ӕрвыст фыдмон тых кӕнын байдыдта, ӕмӕ Саул феррайау ис. Давид ӕй раздӕрау сабыр кодта йӕ цагъдӕй. Саулы къухы уыди арц,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 18:10
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый тыххӕй сӕ Хуыцау ныууагъта фӕлывды ӕвджид, мӕнг цы у, ууыл куыд баууӕндой.


Сихорафон аивгъуыдта, адон та се ’рра митӕй изӕрыгон нывонд хӕссыны афонмӕ дӕр нӕма банцадысты. Фӕлӕ сӕм иу сым ӕмӕ иу дзуапп дӕр никӕцӕй ӕрыхъуыст, хъуыды дӕр сӕ ничи ӕркодта.


Хуыцауы ӕрвыст фыдмон та тых кӕнын байдыдта Саулыл. Йӕ арц йӕ къухы, афтӕмӕй Саул йӕ хӕдзары бадти, Давид та йын цагъта.


Иу хатт кувӕн бынатмӕ куы фӕцӕйцыдыстӕм, уӕд ныл сӕмбӕлди, дӕсныфӕрсыныл ардауӕг ӕнӕзӕгъинаг кӕй ӕрцахста, ахӕм лӕггадгӕнӕг чызг. Дӕсныфӕрсынӕй йӕ хицӕуттӕн хаста стыр ӕфтиаг.


Ӕмӕ-иу Хуыцауы ӕрвыст фыдмон Саулы куы хъыгдардта, уӕд-иу Давид йӕ къухмӕ райста хъисын ӕмӕ цагъта. Саулӕн-иу фенцон ис, йӕ чемы-иу ӕрцыди, ӕмӕ-иу ӕй фыдмон ныууагъта.


Уый фӕстӕ йын ӕппӕт адӕмы раз загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: дыууӕ азы фӕстӕ, Вавилоны паддзах Навуходоносор ӕппӕт адӕмы бӕрзӕйыл цы ’фсондз сӕвӕрдта, уый Ӕз афтӕ ныппырх кӕндзынӕн». Йеремиа йӕ фӕндагыл ацыди.


Иннӕ пехуымпартӕ дӕр иууылдӕр фӕзмыдтой Цедекиайы, пехуымпариуӕг кодтой ӕмӕ дзырдтой: «Бабырс Галаадаг Рамотмӕ ӕмӕ фӕуӕлахиз у! Дунедарӕг ӕй паддзахы къухтӕм ратдзӕн».


Уӕдӕ мӕ бардарӕг ӕмӕ мӕ паддзах ӕрбайхъусӕд йӕ цагъармӕ. Кӕд дӕ мӕ ныхмӕ Дунедарӕг сардыдта, уӕд Ын ӕрхастӕуӕд зӕрдӕлхӕнӕн нывонд, кӕд — адӕм, уӕд уыдоны та Дунедарӕг ралгъитӕд! Ныр мӕ уыдон фӕсырдтой, цӕмӕй, Дунедарӕг Израилӕн цы бӕстӕ радта, уымӕй мын хай ма уа. Загътой мын: „Ацу ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кув“.


Ӕмӕ зулмӕ кӕсын райдыдта уӕдӕй фӕстӕмӕ Давидмӕ.


Ионатан Давидмӕ фӕсидт ӕмӕ йын ӕппӕт дӕр радзырдта. Стӕй йӕ Саулмӕ бахуыдта, ӕмӕ та Давид раздӕрау лӕггад кодта Саулӕн.


Далилӕ та ныхъхъӕр кодта: «Самсон! Филистимӕгтӕ дӕм ӕрбацыдысты!» Самсон фехъал ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Ницы кӕны, ацы хатт дӕр та аирвӕздзынӕн». Нӕма зыдта, Дунедарӕг ӕй кӕй ныууагъта, уый.


Саулӕн йӕ зӕрды уыди Давиды арцӕй къулмӕ ныххуыйын, фӕлӕ Давид йӕхи фӕсайдта, ӕмӕ арц къулы ныссагъди. Давид алыгъдис ӕмӕ тӕккӕ уыцы ӕхсӕв йӕхи бамбӕхста.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ