6 Йӕ къӕхтыл уыд ӕрхуы зӕнгӕйттӕ, йӕ фӕсонтыл — ӕрхуы уарт.
Соломон скодта дзӕбугӕй цагъд ӕмӕ сыгъзӕринӕй астӕрд дыууӕсӕдӕ стыр уарты, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ сыгъзӕрины уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ шекелы.
Соломон рацӕгъдын кодта дыууӕсӕдӕ стыр сыгъзӕрин уарты, алкӕмӕн дӕр дзы йӕ сыгъзӕрины уӕз уыди ӕхсӕзсӕдӕ шекелы.
Давид та филистимагӕн ахӕм дзуапп радта: «Ды мӕм кард, арц ӕмӕ ӕхсаргардимӕ рацыдтӕ, ӕз та дӕ ныхмӕ цӕуын Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, фаугӕ кӕй кодтай, уыцы израилаг ӕфсады Хуыцауы номимӕ.
Йӕ сӕрыл уыд ӕрхуы тахъа, йӕ уӕлӕ та — фондз мин шекелы чи ласта, ахӕм згъӕрхӕдон, ӕрхуы цӕгтӕй конд.