54 Давид филистимаджы сӕр систа ӕмӕ йӕ Йерусалиммӕ ахаста, йӕ хотыхтӕ та йын йӕхи цатыры сӕвӕрдта.
Моисей Ааронӕн загъта: «Райс дурын, ныккӕн дзы маннӕйы иу омер ӕмӕ йӕ ӕрӕвӕр Дунедарӕджы раз, цӕмӕй уе ’ппӕт фӕлтӕртӕн дӕр уым ӕфснайдӕй лӕууа».
Израилӕгтӕ фӕстӕмӕ куы раздӕхтысты, уӕд филистимӕгты рӕсӕнуаты хорзӕй цыдӕриддӕр ссардтой, уый рахастой.
Саул филистимаджы ныхмӕ рацӕугӕ куы федта Давиды, уӕд йе ’фсады хицау Авнеры бафарста: «Авнер, кӕй фырт у уыцы лӕппу?» Авнер ын дзуапп радта: «Паддзах цӕра, нӕ йӕ зонын».
Давид филистимаджы куы амардта, уӕд ӕй, филистимаджы сӕр йӕ къухы, афтӕмӕй Авнер ӕрбахуыдта Саулмӕ.
Сауджын загъта: «Мӕнӕ Теревинфы дӕлвӕзы кӕй амардтай, уыцы филистимаг Голиафы кард ефоды фӕстӕ кӕттаджы тыхтӕй лӕууы. Кӕд дӕ фӕнды, уӕд ӕй райс, ӕндӕр мӕм ницы ис». Давид загъта: «Амӕн дзы ӕмбал нӕй. Ратт мын ӕй».