53 Израилӕгтӕ фӕстӕмӕ куы раздӕхтысты, уӕд филистимӕгты рӕсӕнуаты хорзӕй цыдӕриддӕр ссардтой, уый рахастой.
фӕлӕ Елеазар фидар фӕлӕууыд, филистимӕгты цагъта, цалынмӕ йӕ къух бастад ӕмӕ йын карды фистоныл нындӕгъд, уӕдмӕ. Уыцы бон Дунедарӕг стыр уӕлахиз радта. Ӕфсад фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд ма сӕ ӕрмӕстдӕр хъуыди, мӕрдтӕм исбонӕй цы уыд, уый ӕрӕмбырд кӕнын.
Фӕлӕ дӕ чидӕриддӕр ныхъуыры, уыдонӕн сӕхи дӕр аныхъуырдзысты, де знӕгтӕ сӕхӕдӕг уацары ацӕудзысты, хӕлӕттаг дӕ чи фӕкодта, уыдонӕн сӕхи дӕр сафтид кӕндзысты, чи дӕ стыгъта, уыдоны бастигъдзысты.
Иу фыдбылыз иннӕйы ивы, ӕгас бӕстӕ хӕлӕттаг фӕци. Бабын сты иу уысммӕ мӕ цатыртӕ, цӕсты фӕныкъуылдмӕ — мӕ халагъудтӕ!
Израилаг ӕмӕ иудейаг хӕстонтӕ уӕлахизы хъӕр ныккодтой ӕмӕ сӕ Гат ӕмӕ Екроны кулдуӕрттӕм сӕ разӕй айстой. Филистимӕгты мӕрдтӕй нал зынди Шаараимы фӕндаг суанг Гат ӕмӕ Екроны онг.
Давид филистимаджы сӕр систа ӕмӕ йӕ Йерусалиммӕ ахаста, йӕ хотыхтӕ та йын йӕхи цатыры сӕвӕрдта.
Йӕ цард дӕр ӕвгъау нӕ кодта, афтӕмӕй амардта филистимаг богалы, ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн радта стыр уӕлахиз. Ды уыдӕттӕ куы федтай ӕмӕ куы бацин кодтай, уӕд дӕ цӕмӕн фӕнды ӕназым туг ныккалын, Давиды ӕнаххосӕй амарын?»