Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 17:52 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

52 Израилаг ӕмӕ иудейаг хӕстонтӕ уӕлахизы хъӕр ныккодтой ӕмӕ сӕ Гат ӕмӕ Екроны кулдуӕрттӕм сӕ разӕй айстой. Филистимӕгты мӕрдтӕй нал зынди Шаараимы фӕндаг суанг Гат ӕмӕ Екроны онг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 17:52
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

фӕлӕ Елеазар фидар фӕлӕууыд, филистимӕгты цагъта, цалынмӕ йӕ къух бастад ӕмӕ йын карды фистоныл нындӕгъд, уӕдмӕ. Уыцы бон Дунедарӕг стыр уӕлахиз радта. Ӕфсад фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд ма сӕ ӕрмӕстдӕр хъуыди, мӕрдтӕм исбонӕй цы уыд, уый ӕрӕмбырд кӕнын.


Ӕмӕ уӕд Израилы паддзах дӕр абырста сириӕгты бӕхтӕ ӕмӕ тохуӕрдӕтты фӕдыл ӕмӕ сӕ саубыны дӕрӕн ныккодта.


Дарддӕр арӕн рахызт Екроны цӕгатвахсмӕ ӕмӕ фӕзылди Шиккероны ’рдӕм, ахызти Баалайы хӕхбӕстыл ӕмӕ бахӕццӕ Йавнелмӕ, уырдыгӕй та йӕхи айтыгъта суанг денджызы онг.


Гедеон фӕсидти Неффалим, Асир ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндӕгтӕм, ӕмӕ мидианӕгты фӕсте асырдтой.


Израилӕгтӕ фӕстӕмӕ куы раздӕхтысты, уӕд филистимӕгты рӕсӕнуаты хорзӕй цыдӕриддӕр ссардтой, уый рахастой.


Уыйадыл Хуыцауы Фидыды Чырын Екронмӕ арвыстой. Екроны цӕрджытӕ йӕ куы федтой, уӕд нырдиаг кодтой: «Израилы Хуыцауы Фидыды Чырын нӕм ӕрбахастой, цӕмӕй быныскъуыд фӕуӕм».


Арвыстой ӕмӕ Филистимы ӕлдӕртты се ’ппӕты дӕр ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ сӕ бафарстой: «Цы уынаффӕ кӕнӕм Израилы Хуыцауы Фидыды Чырынӕн?» Уыдон загътой: «Гатмӕ хаст ӕрцӕуӕд». Ӕмӕ Фидыды Чырын Гатмӕ ахастой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ