32 Давид Саулӕн загъта: «Уыцы филистимаг йӕ ныфс макӕмӕн асӕттӕд. Дӕ цагъар ацӕудзӕн ӕмӕ рахӕцдзӕн йемӕ».
Схуыссын, бафынӕй вӕййын ӕмӕ сыстын — Дунедарӕг мын хъару ратты.
Ныфссаст чи у, дзурут сын: фидар лӕуут, мацӕмӕй тӕрсут, уӕ Хуыцау ӕрцӕуы, фыдгултӕй райсдзӕн уӕ маст, ӕрцӕуы — сӕрибар уын ратдзӕн.
Зӕгъ Ахазӕн: „Лӕмбынӕг кӕс, ӕрсабыр у ӕмӕ мацӕмӕй тӕрс. Дӕ ныфс ма асӕттӕд Рецин ӕмӕ арамейӕгты, стӕй Ремалийы фырты пиллонкалгӕ мастӕй — дыууӕ фӕздӕгкалгӕ ӕхсидавӕй уӕлдай ницы сты уыдон.
Амалекӕгтӕ цӕрынц Негевы, хеттӕгтӕ, йевусӕгтӕ ӕмӕ аморӕгтӕ — хӕхты, ханаанӕгтӕ — денджызы был ӕмӕ Иорданы былгӕрӕтты».
Ӕрмӕст Дунедарӕджы ныхмӕ ма змӕнтут! Уымы адӕмӕй та ма тӕрсут — басӕтдзыстӕм сӕ. Уыдонӕн армдарӕг нал ис, махӕн та Дунедарӕг немӕ ис. Ма сӕ тӕрсут!»
Уӕдӕ сфидар кӕнут, дӕлӕмӕ кӕй ӕруагътат, уыцы цӕнгтӕ ӕмӕ, чи слӕмӕгъ ис, уыцы уӕрджытӕ.
Гъемӕ мын ратт, уыцы заман мын Дунедарӕг зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕхбӕстӕ. Уӕд ӕй дӕхӕдӕг куы фехъуыстай: цӕрынц дзы Анакы байзӕддӕгтӕ, сӕ сахартӕ стыр сты, алырдыгӕй — бырутӕй ӕхгӕд. Чи зоны, ӕмӕ мын Дунедарӕг ахъаз бакӕна, ӕмӕ сӕ Йӕ дзырдмӕ гӕсгӕ уырдыгӕй фӕсурон».
Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕттӕм бахъуызӕм. Кӕд нын Дунедарӕг баххуыс кӕнид — Уымӕн зын нӕу махӕн уӕлахиз раттын, фӕнды бирӕ уӕм, фӕнды — чысыл».
Уӕд ын йӕ дӕлдӕртӕй иу загъта: «Ӕз зонын вифлеемаг Йессейы фырты: дӕсны фӕндырдзӕгъдӕг, ныфсхаст лӕппу, ӕхсарджын хӕстон, дзырдарӕхст ӕмӕ хӕрзконд, Дунедарӕг ыл ауды».
Давиды ныхӕстӕ фехъуыстӕуыд, ӕмӕ сӕ рафӕзмыдтой Саулӕн. Уый йӕм фӕсидти.