Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 17:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Давид райсомӕй раджы фысты дзуг уӕтӕргӕсы ӕвджид бакодта ӕмӕ аласта йӕ уаргъ, Йессей йын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Куы бахӕццӕ, уӕд ӕфсӕдтӕ хӕстӕввонгӕй рацӕйцыдысты, тохы хъӕр систой, афтӕмӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 17:20
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕн ӕмӕ дыл ахӕм бонтӕ акӕндзӕн, ӕмӕ де знӕгтӕ дӕ къулты алыварс сыджытбырутӕ самайдзысты, ӕрхъула дыл кӕндзысты ӕмӕ дӕ алырдыгӕй ӕрбалвасдзысты.


Давид бавдӕлд ӕмӕ Саулы рӕсӕнуатмӕ ӕввахс бацыд ӕмӕ сбӕлвырд кодта, Саул ӕмӕ йе ’фсады хицау, Неры фырт Авнер, кӕм хуыссыдысты, уыцы бынат. Саул хуыссыди астӕуӕй, йӕ адӕм — йӕ алыварс.


Давид ӕмӕ Авишай ӕхсӕвыгон Саулы рӕсӕнуатмӕ бахъуызыдысты. Саул фынӕй кодта рӕсӕнуаты астӕу, йӕ арц йӕ нывӕрзӕны ’рдыгӕй зӕххы сагъд, афтӕмӕй, Авнер дӕр ӕфсадимӕ хуыссыдысты йӕ алыварс.


Давид адӕмимӕ цы ныхӕстӕ кодта, уыдон фехъуыста йӕ хистӕр ӕфсымӕр Елиав. Йӕ маст ӕм рафыхт ӕмӕ йын загъта: «Ардӕм цӕмӕн ӕрбацыдтӕ? Ӕдзӕрӕг быдыры нӕ чысыл фысты дзуг кӕй ӕвджид бакодтай? Ӕз зонын, ды къӕйных ӕмӕ налат кӕй дӕ, уый. Дӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн хӕстмӕ бакӕсынмӕ ӕрбацыдтӕ».


Де ’фсымӕртӕ Саул ӕмӕ иннӕ израилӕгтимӕ Теревинфы дӕлвӕзы филистимӕгтимӕ хӕцынц».


Израилӕгтӕ ӕмӕ филистимӕгтӕн се ’фсӕдтӕ ныхӕй-ныхмӕ ӕрлӕууыдысты.


Сӕумӕраджы Йешуа ӕппӕт израилӕгтимӕ Ситтимӕй рараст Иорданы былгӕронмӕ ӕмӕ уым ӕрбынат кодтой фаллаг фарсмӕ бахизыны размӕ.


Сӕумӕрайсом араст ис Саулы агурӕг. Самуелӕн фехъусын кодтой, Саул Кармелмӕ бацыди, уым йӕхицӕн кады цыртдзӕвӕн ныссагъта, стӕй уырдыгӕй рацыди ӕмӕ Гилгалмӕ ныххӕццӕ ис, зӕгъгӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ