13 Йе ’ртӕ хистӕр фырты Саулы фӕдыл ацыдысты хӕцынмӕ. Сӕ нӕмттӕ уыдысты: хистӕрӕн — Елиав, дыккагӕн — Авинадав, ӕртыккагӕн та — Шамма.
Амнонӕн уыд иу хӕлар, йӕ ном — Йехонадав, Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт, тынг хинӕйдзаг ӕмӕ ӕрхъуыдыджын лӕг.
Фӕлӕ Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт Йехонадав загъта: «Мӕ паддзах афтӕ ма банхъӕлӕд, ӕмӕ йын йе ’ппӕт фыртты амардӕуыд. Ӕрмӕстдӕр Амнон амард. Авессаломмӕ йӕ амарыны фӕнд, йӕ хо Тамары йын куы фӕхудинаг кодта, уӕд фӕзынди.
фидистӕ кодта израилӕгтӕн, ӕмӕ йӕ Йонатан, Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт, амардта.
Йессейӕн йӕ хистӕр фырт — Елиав, уый кӕстӕр — Авинадав, ӕртыккаг — Шима,
Давид адӕмимӕ цы ныхӕстӕ кодта, уыдон фехъуыста йӕ хистӕр ӕфсымӕр Елиав. Йӕ маст ӕм рафыхт ӕмӕ йын загъта: «Ардӕм цӕмӕн ӕрбацыдтӕ? Ӕдзӕрӕг быдыры нӕ чысыл фысты дзуг кӕй ӕвджид бакодтай? Ӕз зонын, ды къӕйных ӕмӕ налат кӕй дӕ, уый. Дӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн хӕстмӕ бакӕсынмӕ ӕрбацыдтӕ».