Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 17:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Давид уыд ефрафаг, иудейаг Вифлеемы цӕрӕг Йессейы фырт. Йессейӕн аст фырты уыди. Саулы заман бацыд йӕ зӕронды кары.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 17:12
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕ амарди Рахел, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Ефрафӕмӕ (ома Вифлееммӕ) фӕндагыл.


Мӕнӕ Давиды фӕстаг ныхӕстӕ: «Дзуры Давид, Йессейы фырт, Хуыцау бӕрзонд кӕй систа, уыцы адӕймаг, Йаковы Хуыцауы байсӕрст, Израилы Сӕрхъуызой кӕй уарзы, уый.


Ды та, Вифлеем-Ефрафӕ, кӕд Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ къаддӕр дӕ, уӕддӕр Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ дӕуӕй рацӕудзӕн Израилы Бардарӕг, незаманты, ӕнусты размӕ Чи равзӕрдис, Уый.


Йессейӕ райгуырди паддзах Давид, Давидӕн Уриайы усӕй — Соломон;


Йесо райгуырди иудейаг Вифлеемы, паддзах Ироды заман. Йӕ райгуырды фӕстӕ Йерусалиммӕ скӕсӕнӕй ӕрбацыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ фарстой:


„Ды дӕр, Вифлеем, Иудӕйы зӕхх, сӕ къаддӕр куы нӕ дӕ, мыййаг, Иудӕйы сӕйраг сахартӕн, — дӕуӕй рацӕудзӕн Фӕтӕг, Мӕ адӕмы, Израилы, Фыййау“».


Уыцы лӕг хуынди Елимелех, йӕ усы ном — Наоми, йӕ фырттӕ та хуындысты Махлон ӕмӕ Килеон; уыдысты иудейаг Вифлеемӕй, ефрафӕгтӕ. Ӕрбацыдысты Моавы быдырмӕ ӕмӕ уым ӕрӕнцадысты.


Сыхы сылгоймӕгтӕ йыл ном сӕвӕрдтой — Овед. Уыдон дзырдтой: «Наомийӕн лӕппу райгуырди». Овед у Йессейы, Давиды фыды, фыд.


Оведӕй райгуырд Йессей; Йессейӕ райгуырди Давид.


Ефремы хӕхбӕсты, Раматаим-Цофимы сахары, царди иу лӕг, ефремон, йӕ ном — Елкана. Йӕ фыд Йерохам уыди Елигуйы фырт, Елигуйы фыд Тоху — Цуфы фырт.


Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Кӕдмӕ хъынцъым кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл атигъ кодтон Мӕхи — уый нал уыдзӕн Израилы паддзах. Сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ цу, ӕрвитын дӕ вифлеемаг Йессеймӕ. Уымӕн йӕ фырттӕй Ӕз равзӕрстон иуы, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрон».


Уӕд ын йӕ дӕлдӕртӕй иу загъта: «Ӕз зонын вифлеемаг Йессейы фырты: дӕсны фӕндырдзӕгъдӕг, ныфсхаст лӕппу, ӕхсарджын хӕстон, дзырдарӕхст ӕмӕ хӕрзконд, Дунедарӕг ыл ауды».


Саул ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ филистимагӕй уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕудаист сты, стыр тас сӕ бацыди.


Саул бафарста: «Кӕй фырт дӕ, лӕппу?» Давид ын дзуапп радта: «Дӕ цагъар вифлеемаг Йессейы фырт».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ