11 Саул ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ филистимагӕй уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕудаист сты, стыр тас сӕ бацыди.
Уӕд ӕз къӕмдзӕстыг нӕ уаин, Де ’ппӕт фӕдзӕхстытӕм кӕсгӕйӕ.
Давиды псалом. Дӕумӕ дзыназын, Дунедарӕг, мӕ Къӕдзӕх! Ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз! Ды ӕдзӕмӕй куы баззайай, уӕд мыл мӕрдон хуыз бафтдзӕни.
Ӕнӕхуыцау, куы ничи йӕ сура, уӕд дӕр лидзгӕ кӕны, рӕстуд та домбайау хъӕбатыр у.
Афтӕ тынг кӕмӕй фӕтарстӕ, ӕмӕ Мӕныл дӕ зӕрдӕ сивай, хъуыды дӕр Мӕ мауал кӕнай? Дзӕвгар рӕстӕг дын Мӕхи кӕй нал раргом кодтон, ӕдзӕмӕй кӕй фӕлӕууыдтӕн, уый тыххӕй Мӕ нал тӕрсыс?
Дунедарӕг Йӕхӕдӕг дӕ разӕй цӕудзӕн, демӕ уыдзӕн. Йӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн. Ма тӕрс, ма фӕтас!»
Фӕдзӕхсын дын: фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс — цыдӕриддӕр аразай, уым демӕ уыдзӕни Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».
Дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ ахызтысты Иорданы фаллаг фарсмӕ — Гады зӕхмӕ ӕмӕ Галаадмӕ. Саул та нырма Гилгалы уыди, ӕмӕ, йемӕ цы адӕм баззад, уыдон иууылдӕр ӕмризӕджы рызтысты.
Ноджы ма филистимаг загъта: «Фидиссаг уӕ кӕндзынӕн абон, Израилы ӕфсад! Рарвитут мӕм иу хӕстон, ӕмӕ лӕгӕй-лӕгмӕ рахӕцӕм».
Давид уыд ефрафаг, иудейаг Вифлеемы цӕрӕг Йессейы фырт. Йессейӕн аст фырты уыди. Саулы заман бацыд йӕ зӕронды кары.
Уымӕ гӕсгӕ сӕ цуры йӕхи зондцухӕй равдыста, кулдуарыл цыдӕртӕ хылы-мылы кодта ӕмӕ йӕ боцъойыл йӕ сӕт уагъта.
Мицпайы ӕрӕмбырд сты, уый филистимӕгтӕ куы базыдтой, уӕд се ’лдӕрттӕ ӕд ӕфсад абырстой израилӕгты ныхмӕ. Уый фехъусгӕйӕ, израилӕгтӕ фӕтарстысты филистимӕгтӕй