10 Ноджы ма филистимаг загъта: «Фидиссаг уӕ кӕндзынӕн абон, Израилы ӕфсад! Рарвитут мӕм иу хӕстон, ӕмӕ лӕгӕй-лӕгмӕ рахӕцӕм».
фидистӕ кодта израилӕгтӕн, ӕмӕ йӕ Йонатан, Давиды ӕфсымӕр Шимайы фырт, амардта.
Уый дӕле — Елеазар, Додойы фырт, Ахохийы байзӕддаг, Давидимӕ филистимӕгтӕм тохмӕ цы ӕртӕ хӕстоны фӕсидти, уыдонӕй иу. Израилӕгтӕ уӕд фӕтасыдысты, сӕхи фӕфӕстӕмӕ кодтой,
Чи зоны, ӕмӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, Ассирийы паддзах нӕм цардӕгас Хуыцауы фауынмӕ кӕй ӕрбарвыста, уыцы сӕйраг дзагдары ныхӕстӕ фехъуса ӕмӕ йӕ Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, уыцы ныхӕсты тыххӕй бафхӕра. Уӕдӕ скув, удӕгасӕй ма чи баззади, уыдоны тыххӕй».
Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ ныл хоронаг Санбаллат ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, стӕй араббаг Гешем былысчъилӕй худтысты: «Цы митӕ кӕнут, цымӕ? Мыййаг уӕм паддзахы ныхмӕ сызмӕнтыны зонд нӕ фӕзынди?»
Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.
Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Куырыхон хъал ма уӕд йӕ зондӕй, тыхджын — тыхӕй, хъӕздыг — йӕ мулкӕй.
Саул ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ филистимагӕй уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕудаист сты, стыр тас сӕ бацыди.
Домбайы дӕр ӕмӕ-иу арсы дӕр амардта дӕ цагъар, ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕт филистимаг дӕр ахӕрдзӕн уыдоны хал, уымӕн ӕмӕ фидис кӕны удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕн».
Давид та филистимагӕн ахӕм дзуапп радта: «Ды мӕм кард, арц ӕмӕ ӕхсаргардимӕ рацыдтӕ, ӕз та дӕ ныхмӕ цӕуын Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, фаугӕ кӕй кодтай, уыцы израилаг ӕфсады Хуыцауы номимӕ.