Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 17:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Филистимӕгтӕ хӕстмӕ рацыдысты, се ’фсӕдтӕ ӕрӕмбырд кодтой Иудӕйы зӕххыл, Сохойы. Рӕсӕнуат скодтой Эфес-Даммимы, Сохойӕ Азекайы ’хсӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 17:1
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давидимӕ Пас-Даммимы, филистимӕгтӕ уырдӕм хӕцынмӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд цы ӕртӕ хӕстоны уыди, уыдонӕй иу. Уыцы ран уыди хъӕбӕрхоры зад хуым. Израилӕгтӕ лидзӕг куы фесты филистимӕгты разӕй,


Филистимӕгтӕ бабырстой Иудейы дӕлвӕзты бӕстӕ Шефеламӕ ӕмӕ йӕ хуссайраг хай Негевмӕ, бацахстой сахартӕ Бет-Шемеш, Айалон ӕмӕ Гедерот, Сохо, Тимна ӕмӕ Гимзо сӕ алыварс хъӕутимӕ, ӕмӕ дзы сӕхӕдӕг ӕрцардысты.


Уыцы рӕстӕг вавилойнаг паддзахы ’фсад хӕцыди Йерусалимы, стӕй, Иудейы сахартӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны, Лахиш ӕмӕ Азекайы, ныхмӕ. Ӕрмӕст ма ацы дыууӕ сахарӕн сӕ бырутӕ нӕ басастой.


Уыдон уыдысты филистимӕгты фондз ӕлдарады, стӕй Ливаны хӕхты, Баал-Хермонӕй Лево-Хаматы онг чи царди, уыцы ханаанӕгтӕ, сидойнӕгтӕ ӕмӕ хиввӕгтӕ се ’ппӕт дӕр.


Филистимӕгтӕ растадысты Израилы ныхмӕ схӕцынмӕ. Уыди сӕм ӕртӕ мин тохуӕрдоны, ӕхсӕз мин бӕхджын ӕфсӕддоны ӕмӕ денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц фистӕг ӕфсад. Ӕрбацыдысты ӕмӕ Бет-Авенӕй скӕсӕнӕрдӕм, Михмасы цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты.


Саул ныууагъта филистимӕгты ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхти. Филистимӕгтӕ дӕр ацыдысты сӕ бӕстӕм.


Саулы заман филистимӕгтимӕ иудадзыг цыди карз хӕст. Саул-иу тыхджын ӕмӕ ӕхсарджын лӕгыл куы амбӕлди, уӕд-иу ӕй йе ’фсадмӕ ӕрбакодта.


Мицпайы ӕрӕмбырд сты, уый филистимӕгтӕ куы базыдтой, уӕд се ’лдӕрттӕ ӕд ӕфсад абырстой израилӕгты ныхмӕ. Уый фехъусгӕйӕ, израилӕгтӕ фӕтарстысты филистимӕгтӕй


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ