8 Уӕд Йессей фӕдзырдта Авинадавмӕ ӕмӕ йӕ Самуелы рӕзты рацӕуын кодта. Самуел загъта: «Дунедарӕг уый дӕр нӕ равзӕрста».
Бен-Авинадав — Соломоны чызг Тафаты лӕг, хицауиуӕг кодта Нафат-Доры ӕппӕт бӕстӕйӕн.
Йессейӕн йӕ хистӕр фырт — Елиав, уый кӕстӕр — Авинадав, ӕртыккаг — Шима,
Йе ’ртӕ хистӕр фырты Саулы фӕдыл ацыдысты хӕцынмӕ. Сӕ нӕмттӕ уыдысты: хистӕрӕн — Елиав, дыккагӕн — Авинадав, ӕртыккагӕн та — Шамма.
Кирйат-Иаримы цӕрджытӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын сӕхимӕ ахастой. Уым ӕй къуылдымыл цӕрӕг Авинадавы хӕдзармӕ схастой, ӕмӕ йын Авинадавы фырт Елеазары хъахъхъӕнӕг сӕвӕрдтой.