Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 16:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Дзуапп сын радта: «Хорз хабаримӕ. Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ ӕрбацыдтӕн. Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ мемӕ нывонд ӕрхӕссынмӕ рацӕут». Йессейы йӕ фырттимӕ ссыгъдӕг кодта Самуел ӕмӕ сӕм нывонд ӕрхӕссынмӕ фӕсидти.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 16:5
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йаков йӕ бинонтӕн ӕмӕ, йемӕ чидӕриддӕр уыдис, уыдонӕн бафӕдзӕхста: «Аппарут, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй уӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уӕ дарӕс раивут.


Иуахӕмы Соломоны мад Вирсавимӕ ӕрбацыди Хагиты лӕппу Адониа. Вирсави йӕ фӕрсы: «Фарнимӕ ӕрбацыдтӕ?» Уый загъта: «Фарнимӕ.


Уӕд Хуыцауы Уд ӕртыхсти, фӕстӕдӕр дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕхсарджыны хистӕр чи сси, уыцы Амасайыл, ӕмӕ уый загъта: «Мах дӕу стӕм, Давид! Мах демӕ стӕм, Йессейы фырт! Фарн дӕм бадзурӕд, фарн бадзурӕд де ’ххуысгӕнджытӕм, — ауды дыл дӕ Хуыцау». Давидӕн йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ сӕ йе ’фсадӕн хицӕуттӕй баурӕдта.


Сӕ куывды бонтӕ-иу куы ахицӕн сты, уӕд-иу сӕм кӕддӕриддӕр Иов йӕхимӕ фӕсидти, цӕмӕй сын Хуыцаумӕ скува. Райсомӕй-иу раджы сыстади ӕмӕ-иу сӕ алкӕй тыххӕй дӕр иууылсудзинаг нывонд ӕрхаста. Уымӕн ӕмӕ афтӕ хъуыды кодта Иов: «Кӕд, мыййаг, мӕ фырттӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ Хуыцауы фӕхъыг кодтой ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын сты?» Ӕмӕ кӕддӕриддӕр афтӕ кодта.


уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Аздӕх адӕммӕ. Абон ӕмӕ сӕ райсом ссыгъдӕг кӕн Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ, ныхсӕнт сӕ дарӕстӕ дӕр,


Фӕсидут адӕммӕ, саразут ӕмбырд, ӕрбахонут зӕрӕдты, сывӕллӕтты ӕмӕ дзидзидайты. Уадз, усгур рацӕуа йӕ уатӕй, чындз рахиза йӕ хатӕнӕй.


Ныхъхъус ут Дунедарӕг Хуыцауы раз! Дунедарӕгӕн Йӕ тӕрхоны бон ӕрӕввахс. Йӕ нывонд дӕр ӕрцӕттӕ кодта, ныридӕгӕн фӕхуыдта уазджыты.


Адӕм цыдысты ӕмӕ йӕ ӕмбырд кодтой, ӕрмгуырӕйтты йӕ ссадтой, нурыхойӕнты йӕ хостой, афтӕмӕй йӕ аджы фыхтой, гуылтӕ дзы кодтой, ӕмӕ сын сойыфыхы ад уыди.


Уӕдӕ алы адӕймаг дӕр ныккӕсӕд йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ уый фӕстӕ хӕрӕд ацы дзулӕй ӕмӕ нуазӕд ацы сӕнӕй.


Йешуа адӕмӕн загъта: «Уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг райсом уе ’хсӕн диссӕгтӕ сараздзӕн».


Сыст ӕмӕ адӕмы ссыгъдӕг кӕн! Зӕгъ сын, райсомы бонмӕ, зӕгъ, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, афтӕ зӕгъы: израилӕгтӕ, уе ’хсӕн ис ӕлгъыстаг дзауматӕ, ӕмӕ сӕ цалынмӕ нӕ фервӕзат, уӕдмӕ уӕ бон фыдгулты ныхмӕ лӕууын нӕ бауыдзӕн.


Уыцы бон Саул ницы сдзырдта. Афтӕ ӕнхъӕл уыд: «Уый ӕнӕнхъӕлӕджы хабар уыдзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, Давид сыгъдӕг нӕу».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ