Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 16:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Самуел бакодта, Дунедарӕг ын куыд загъта, афтӕ. Вифлееммӕ куы бахӕццӕ, уӕд тарстхуызӕй йӕ размӕ рацыдысты сахары хистӕртӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Хорз хабаримӕ сӕмбӕлдтӕ?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 16:4
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Афтӕ амарди Рахел, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Ефрафӕмӕ (ома Вифлееммӕ) фӕндагыл.


Уымӕй де ’дзард мад Рахелы сӕр нымайын. Падданӕй куы рацыдтӕн, уӕд Ханааны зӕххыл, Ефрафӕмӕ нӕма бахӕццӕ стӕм, афтӕмӕй, ме ’намондӕн, амарди Рахел. Йӕ мард дӕр ын уым бавӕрдтон, Ефрафӕмӕ фӕндагыл». Ефрафӕ ныр хуыйны Вифлеем.


Уыцы бон Давид тынг фӕтарсти Дунедарӕгӕй ӕмӕ загъта: «Цы ныфсӕй ма бахӕссон Хуыцауы Фидыды Чырын мӕхимӕ?»


уӕд сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Цы дӕ хъӕуы мӕнӕй, Хуыцауы минӕвар? Мӕ тӕригъӕдтӕ мын мӕ зӕрдыл ӕрӕфтауынмӕ ӕрбацыдтӕ ӕмӕ мӕ лӕппуйы амарынмӕ?»


Иуахӕмы Соломоны мад Вирсавимӕ ӕрбацыди Хагиты лӕппу Адониа. Вирсави йӕ фӕрсы: «Фарнимӕ ӕрбацыдтӕ?» Уый загъта: «Фарнимӕ.


Йорам Йегуйы куы ауыдта, уӕд ӕй бафарста: «Куыд сты хабӕрттӕ?» Йегу йын афтӕ: «Куыд хъуамӕ уой, дӕ мад Иезавел кӕйдӕр хуыцӕуттӕм куы кува ӕмӕ йӕхи ӕдзух дӕсныфӕрсӕнтыл куы ирхӕфса, уӕд?»


Дунедарӕг домбайау куы ныррыха, уӕд рацӕудзысты Йӕ фӕдыл, Йӕ рыхын куы райхъуыса, уӕд Ӕм Йӕ фырттӕ ныгуылӕнӕй фӕзындзысты.


Уый аххосӕй уӕ Ӕз Мӕ пехуымпарты дзыхӕй цавтон, Мӕ дзыхы дзырдӕй уӕ мардтон. Хурыскастау ссыгъди уӕ сӕрмӕ Мӕ тӕрхон.


Йосиф дӕр галилейаг сахар Назаретӕй араст ис Иудеймӕ, Вифлеем кӕй хонынц, Давиды уыцы сахармӕ, уымӕн ӕмӕ Давиды байзӕддаг уыди.


Симон Петр уый куы федта, уӕд Йесойы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Йын ныллӕгъстӕ кодта: «Мӕ Хицау, ныууадз мӕ, ӕз тӕригъӕдджын адӕймаг дӕн».


Уӕд Герасины алфамбылай цӕрджытӕ иууылдӕр стыр тасы бацыдысты ӕмӕ Йесойӕ куырдтой, цӕмӕй уырдыгӕй ацӕуа. Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхти.


Давид ӕрхӕццӕ ис Новы сахармӕ, сауджын Ахимелехмӕ. Ахимелех тарстхуызӕй йӕ размӕ рауад ӕмӕ йӕ афарста: «Иунӕг цӕмӕн дӕ, демӕ куыд ничи ис?»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ