Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 16:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Нӕ хицау бардзырд раттӕд йӕ разы лӕууӕг цагъартӕн, цӕмӕй дын, хъисыныл дӕсны чи цӕгъды, ахӕм адӕймаджы бацагурой. Ӕмӕ дӕ Хуыцауы ӕрвыст фыдмон куы хъыгдара, уӕд-иу дын уый ӕрцӕгъддзӕн, ӕмӕ та-иу дын фенцондӕр уыдзӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 16:16
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ныр мын фӕндырдзӕгъдӕгмӕ фӕдзурут!» Фӕндырдзӕгъдӕг хъисынӕй куы ’рцагъта, уӕд Елисейыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд,


Тӕхудиаг сты, ӕдзух дӕ разы лӕууыны ӕмӕ дӕ куырыхон ныхасмӕ хъусыны фадат кӕмӕн ис, уыдон — дӕ адӕм ӕмӕ, лӕггад дын чидӕриддӕр кӕны, уыдон.


Хуыцауы ӕрвыст фыдмон та тых кӕнын байдыдта Саулыл. Йӕ арц йӕ къухы, афтӕмӕй Саул йӕ хӕдзары бадти, Давид та йын цагъта.


Дыккаг бон та Саулыл, йӕхи хӕдзары уыди, афтӕмӕй Хуыцауы ӕрвыст фыдмон тых кӕнын байдыдта, ӕмӕ Саул феррайау ис. Давид ӕй раздӕрау сабыр кодта йӕ цагъдӕй. Саулы къухы уыди арц,


Уый фӕстӕ бахӕццӕ уыдзынӕ Хуыцауы кувӕн къуыбырмӕ, филистимаг ӕфсады къорд кӕм лӕууы, уырдӕм. Уым, сахармӕ бацӕуӕны цур, амбӕлдзынӕ къуыбырӕй цӕуӕг пехуымпарты къордыл. Уыдон кӕндзысты пехуымпариуӕг, сӕ разӕй цӕуджытӕ цӕгъддзысты дыууадӕстӕнонтӕй, далатӕй, уадындзтӕй ӕмӕ хъисфӕндыртӕй.


Йосеф фараонӕн, Мысыры паддзахӕн, лӕггад кӕнын куы райдыдта, уӕд ыл цыди дӕс ӕмӕ ссӕдз азы. Йосеф рацыди фараоны цурӕй ӕмӕ араст ис ӕппӕт Мысыры зӕххыл ӕрзилынмӕ.


Дунедарӕджы Уд ныууагъта Саулы, ӕмӕ йӕ Дунедарӕгӕй ӕрвыст фыдмон удхарӕй мардта.


Саулӕн йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Хуыцауӕй ӕрвыст фыдмон дӕ удхарӕй мары.


Саул сын дзуапп радта: «Ссарут мын хорз фӕндырдзӕгъдӕг ӕмӕ мӕм ӕй ӕрбакӕнут».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ