Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 16:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Йессей йӕм арвыста, ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой. Сырхуадул лӕппу, рӕсугъд цӕстытӕ йын, бакастӕй — зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Байсӕрд ӕй! Уый у».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 16:12
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гъемӕ Потифар дӕр Йосефыл йӕ ис, йӕ бон иууылдӕр бафӕдзӕхста, ӕмӕ йӕ ныр бахӕрынӕй дарддӕр ницыуал мӕт уыдис. Йосеф уындӕй ӕмӕ кондӕй рӕсугъд уыди.


Мӕнӕ Давиды фӕстаг ныхӕстӕ: «Дзуры Давид, Йессейы фырт, Хуыцау бӕрзонд кӕй систа, уыцы адӕймаг, Йаковы Хуыцауы байсӕрст, Израилы Сӕрхъуызой кӕй уарзы, уый.


Ды Мӕ цагъар Давидӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: Ӕз дӕу сӕрвӕтӕй, дӕ фысты дзугӕй, уый тыххӕй ракодтон, цӕмӕй суай Мӕ адӕмы, Израилы, фӕтӕг.


Уым ӕй сауджын Цадок ӕмӕ пехуымпар Натан байсӕрдӕнт, цӕмӕй суа Израилы паддзах. Уӕд-иу сыкъауадындзтӕй ныууасут ӕмӕ ныхъхъӕр кӕнут: „Ӕгас цӕуӕд паддзах Соломон!“


Растадысты зӕххон паддзӕхтӕ, ӕрбамбырд сты иумӕ барджынтӕ Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты ныхмӕ:


«Уый Мӕ уаз хох Сионы цъуппыл Ӕз сой рауагътон Мӕ паддзахы сӕрыл».


Ус банхъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта лӕппу. Лӕппу рӕсугъд у, уый федта ӕмӕ йӕ ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕмбӕхстӕй фӕдардта.


— Мӕ уарзон урсцъар у, сырхуадул, дӕс мин лӕджы ’хсӕн йемӕ абарӕн дӕр никӕй ис!


Дӕ лӕппутӕ куы уыдысты митӕй сыгъдӕгдӕр, ӕхсырӕй урсдӕр! Сырхварс фӕткъуыйау сырх — сӕ рустӕ, сапфиртау-иу цӕхӕртӕ калдтой.


Уӕд мын уый загъта: «Уыдон сты дыууӕ байсӕрсты, ӕгас зӕххы Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнынц».


Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕрбамбырд сты ацы сахары Ирод ӕмӕ Понтий Пилат муртаттӕгтӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ Дӕ байсӕрст сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ,


Уыцы рӕстӕг райгуырди Моисей; уый уыди рӕсугъд ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиаг сывӕллон. Фыццаг ӕртӕ мӕйы йӕ хастой йӕ фыды хӕдзары.


Сӕ уырнындзинады фӕрцы йӕ ныййарджытӕ Моисейы, куы райгуырдис, уӕд ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕмбӕхсгӕ фӕкодтой. Уымӕн ӕмӕ, тынг рӕсугъд сывӕллон кӕй у, уый уыдтой ӕмӕ паддзахы бардзырдӕй дӕр нал фӕтарстысты.


Уӕд ын йӕ дӕлдӕртӕй иу загъта: «Ӕз зонын вифлеемаг Йессейы фырты: дӕсны фӕндырдзӕгъдӕг, ныфсхаст лӕппу, ӕхсарджын хӕстон, дзырдарӕхст ӕмӕ хӕрзконд, Дунедарӕг ыл ауды».


Филистимаг ӕй куы федта, уӕд ыл бабылысчъил, уымӕн ӕмӕ Давид уыдис ӕрыгон лӕппу, сырхуадул ӕмӕ рӕсугъд.


Саул филистимаджы ныхмӕ рацӕугӕ куы федта Давиды, уӕд йе ’фсады хицау Авнеры бафарста: «Авнер, кӕй фырт у уыцы лӕппу?» Авнер ын дзуапп радта: «Паддзах цӕра, нӕ йӕ зонын».


Самуел Саулы куы ауыдта, уӕд ын Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ ис, кӕй кой дын кодтон, уыцы лӕг. Уый кӕндзӕни паддзахиуӕг Мӕ адӕмӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ