Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 16:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Кӕдмӕ хъынцъым кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл атигъ кодтон Мӕхи — уый нал уыдзӕн Израилы паддзах. Сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ цу, ӕрвитын дӕ вифлеемаг Йессеймӕ. Уымӕн йӕ фырттӕй Ӕз равзӕрстон иуы, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрон».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 16:1
34 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Ӕз Мӕ адӕмы, Израилы, Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй абонмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы сахар дӕр нӕ равзӕрстон, цӕмӕй Мӕ номыл уым хӕдзар арӕзт ӕрцӕуа, фӕлӕ равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы Мӕ ном цӕра, ӕмӕ равзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы сӕргъы».


Пехуымпар Елисей пехуымпарты ахуыргӕнинӕгтӕй иумӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Мӕнӕ ацы оливӕйы сойы дурын ӕвӕстиатӕй Галаадаг Рамотмӕ ахӕсс.


Уым ын дӕ дурыны сой йӕ сӕрыл ӕруадз ӕмӕ йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: сӕрдын дӕ ӕмӕ дӕ Израилӕн сидын паддзахӕй“. Уый фӕстӕ-иу дуар фегом кӕн ӕмӕ лидз, фӕстӕмӕ дӕр ма фӕкӕс, афтӕмӕй».


Йегу сыстад йӕ бынатӕй ӕмӕ пехуымпаримӕ хӕдзармӕ бацыд. Уый йын йӕ сӕрыл сой ӕруагъта ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Сӕрдын дӕ ӕмӕ дӕ Израилӕн ӕвӕрын паддзахӕй.


Израилы хистӕртӕ ӕмхуызонӕй паддзахмӕ Хевронмӕ ӕрцыдысты. Уым, Дунедарӕджы раз, паддзах Давид семӕ фидыд сарӕзта, ӕмӕ йӕ Израилӕн паддзахӕй байсӕрстой. Афтӕ сӕххӕст ис, Дунедарӕг Самуелы дзыхы кӕй бавӕрдта, уыцы ныхас.


Ӕцӕг, Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, мӕ фыды ӕппӕт бинонтӕй равзӕрста мӕн, цӕмӕй мыггагмӕ уон Израилы паддзах. Фӕтӕгӕй равзӕрста Иудӕйы, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй равзӕрста мӕ фыды бинонты, мӕ фыды фырттӕй та баввӕрсыд мӕныл, цӕмӕй суон ӕппӕт Израилы паддзах.


Йессейы калд бӕласы бындзӕфхад суадздзӕни тау, ӕмӕ дзы ног тала сырӕздзӕн.


Уыцы заман куы ралӕууа, уӕд, Йессейы Ӕвзарӕй цы тала сырӕза, уый адӕмтӕн суыдзӕни цӕстуынгӕ нысан, адӕмтӕ йӕ бацагурдзысты. Цы бынаты ӕрцӕра, уымӕн йӕ кады кой айхъуысдзӕни дӕрдтыл.


Адӕмты раз Ӕз Мӕ цагъары скодтон Ме ’вдисӕн, адӕмтӕн — фӕтӕг ӕмӕ зондамонӕг.


Ды там Мӕм ацы адӕмы тыххӕй мауал кув, ма Мӕм хат ӕмӕ Мын лӕгъстӕ ма кӕн — бӕллӕхы заман Мӕм хъӕрахст куы кӕной, уӕд сӕ нӕ фехъусдзынӕн.


Дунедарӕг мын загъта: «Мӕ разы суанг Моисей ӕмӕ Самуел куы ӕрлӕууыдаиккой, уӕд дӕр Ӕз ацы адӕмӕн нӕ фӕтӕригъӕд кодтаин. Фесаф сӕ Мӕ цурӕй, цӕугӕ кӕнӕнт!


Хъодыгонд ӕвзист сӕ схондзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта».


Ды та ацы адӕмы тыххӕй мауал кув, ма Мӕм хат ӕмӕ Мын ма лӕгъстӕ кӕн, уымӕн ӕмӕ дӕм Ӕз нӕ хъусдзынӕн.


Уӕд мын уый загъта: «Уыдон сты дыууӕ байсӕрсты, ӕгас зӕххы Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнынц».


Исайа дӕр зӕгъы: «Фӕзындзӕн Йессейы Ӕвзар ӕмӕ адӕмтӕн хицауиуӕг кӕндзӕн; адӕмтӕ Йыл дардзысты сӕ зӕрдӕ».


Цы ма уын зӕгъон? Рӕстӕг мын нӕй Гедеоны, Баракы, Самсоны, Йеффайы, Давиды, Самуелы ӕмӕ иннӕ пехуымпарты тыххӕй радзурынӕн.


Кӕд исчи йе ’фсымӕры уыны, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыдӕй, уӕд кувӕд, ӕмӕ йын Хуыцау ратдзӕн цард. Ныхас цӕуы, мӕлӕтмӕ чи нӕ кӕны, ахӕм тӕригъӕды ӕфтыд чи у, уыдоныл. Фӕлӕ ис, мӕлӕтмӕ чи кӕны, ахӕм тӕригъӕд, ӕмӕ ӕз нӕ зӕгъын ахӕмы тыххӕй кувын.


Самуел райста сойы дурын, Саулы сӕрыл оливӕйы сой ӕруагъта, аба йын кодта ӕмӕ загъта: «Ацы байсӕрстӕй дӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн фӕтӕг зӕгъы.


«Фӕсмон кӕнын, Саулы паддзахӕй кӕй сӕвӕрдтон, ууыл, уымӕн ӕмӕ Мӕ уый йе ’ргом аздӕхта ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхст нӕ сӕххӕст кодта». Самуелӕн йӕ маст ссыгъди ӕмӕ ӕхсӕв-бонмӕ дзынӕзта Дунедарӕгмӕ.


Иу у сӕ азым дӕсныфӕрсӕг ӕмӕ ӕнӕсӕттонӕн, хӕдзарон хуыцаугӕндтӕн кувӕг ӕмӕ хивастӕн. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уымӕ гӕсгӕ дыл Уый дӕр атигъ кодта Йӕхи, цӕмӕй паддзахиуӕг мауал кӕнай».


Самуел ын дзуапп радта: «Нӕ раздӕхдзынӕн демӕ. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл атигъ кодтай дӕхи, ӕмӕ дыл Дунедарӕг дӕр Йӕхи атигъ кодта — Израилӕн нал уыдзынӕ йӕ паддзах».


Самуел йӕ амӕлӕты бонмӕ дӕр нал федта Саулы, кӕд ыл хъынцъым кодта, уӕддӕр. Фӕлӕ ницыуал гӕнӕн уыд — Дунедарӕг фӕфӕсмон кодта, Саулы Израилӕн паддзахӕй кӕй сӕвӕрдта, ууыл.


Саулӕн йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Хуыцауӕй ӕрвыст фыдмон дӕ удхарӕй мары.


Ӕмӕ-иу Хуыцауы ӕрвыст фыдмон Саулы куы хъыгдардта, уӕд-иу Давид йӕ къухмӕ райста хъисын ӕмӕ цагъта. Саулӕн-иу фенцон ис, йӕ чемы-иу ӕрцыди, ӕмӕ-иу ӕй фыдмон ныууагъта.


Давид уыд ефрафаг, иудейаг Вифлеемы цӕрӕг Йессейы фырт. Йессейӕн аст фырты уыди. Саулы заман бацыд йӕ зӕронды кары.


«Райсом дӕм ацафон ӕрбарвитдзынӕн иу лӕджы, Бениамины зӕххыл цӕрджытӕй. Байсӕрд-иу ӕй паддзахӕй, цӕмӕй Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕлдариуӕг кӕна ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕна, уымӕн ӕмӕ Ӕз Ме ’фхӕрд адӕммӕ ӕркастӕн, ӕмӕ Мӕм сӕ сау марой фехъуыст».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ