Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 15:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Фӕлӕ Саул ӕмӕ йӕ адӕм фӕтӕригъӕд кодтой Агагӕн, нӕ сӕ бафӕндыд фыстӕ ӕмӕ стурты хуыздӕрты, хӕрзхаст родтӕ ӕмӕ уӕрыччыты ныццӕгъдын. Цӕвиттон, зынаргъдӕрӕй цы уыд, ууыл бацауӕрстой, ӕвзӕрдӕр ӕмӕ ницӕйагдӕрӕй цы разынд, уыдон та ныффалгӕрон кодтой.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 15:9
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыдон-иу размӕ ӕхсӕз санчъехы куы акодтой, уӕд та-иу Давид нывондӕн ӕрхаста гал ӕмӕ хӕрзхаст род.


Бен-Хадад ын загъта: «Мӕ фыд дӕ фыдӕй цы сахартӕ байста, уыдоны дын фӕстӕмӕ ратдзынӕн. Дамаскы дӕр дӕхицӕн базарадон бӕстыхӕйттӕ скӕн, кӕддӕр мӕ фыд йӕхицӕн Самарийы куыд скодта, афтӕ». Ахав ын дзуапп радта: «Ууыл уал бафидауӕм, стӕй дӕ ауадздзынӕн». Ӕмӕ куы бафидыдтой, уӕд ӕй ауагъта.


Ацы хӕрздӕфгӕнӕн уыди стыр аргъыл ауӕй кӕнӕн ӕмӕ уыцы ӕхца мӕгуыртӕн раттӕн».


Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕринӕй, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнаг дзаумӕттӕй дзы цы ссарат, уыдон суӕнт Дунедарӕджы уаз хай — ӕфснайд ӕрцӕуӕнт Йӕ хӕдзары хӕзнадоны».


цы ӕфтиаг райстам, уый ӕхсӕн федтон шинараг пӕлӕз — ӕвӕджиауы рӕсугъд, стӕй дыууӕсӕдӕ шекелы ӕвзист, дыууӕсӕдӕ фӕндзай шекелы бӕрц та сыгъзӕрины къӕртт. Тынг сӕм бацыбӕл дӕн ӕмӕ сӕ райстон. Ныр ӕмбӕхст сты мӕ цатыры, зӕххы бын; ӕппӕты бынӕй — ӕвзист.


Саул ын дзуапп радта: «Амалекӕгтӕй сӕ ӕрбатардтой адӕм. Фыстӕ ӕмӕ стуртӕн сӕ хуыздӕртыл бацауӕрстой, цӕмӕй сӕ Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, ӕрхӕссой нывондӕн. Иннӕты се ’ппӕты дӕр ныццагътам».


Дунедарӕгмӕ цӕуылнӕ байхъуыстай? Тӕлӕттаг фосыл дӕхи цы ныццавтай ӕмӕ Дунедарӕджы раз фыдми цӕмӕн сарӕзтай?»


Ныр цу ӕмӕ ныццӕгъд амалекӕгты. Цыдӕриддӕр сӕм ис, уыдон сын ныффалгӕрон кӕнут. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕн: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, тырынӕй, дзидзидайӕ, галӕй, фысӕй, теуайӕ, хӕрӕгӕй — се ’ппӕты дӕр амар“».


уымӕн ӕмӕ ды Дунедарӕгмӕ нӕ байхъуыстай ӕмӕ Йын амалекӕгты Йӕ азарӕй бахызтай. Уый тыххӕй дын афтӕ бакодта Дунедарӕг абон.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ