Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 15:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Амалекаг паддзах, Агаг, удӕгасӕй йӕ къухы бафтыд, йӕ адӕмы та йын кардӕй фӕцагъта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 15:8
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ист ӕрцыдысты едомӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ, филистимӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ Цовайы паддзах Адад-Езерӕй, Реховы фыртӕй.


Иннӕтӕ Афекы сахармӕ бацӕйлыгъдысты, фӕлӕ сыл сахары сис афӕлдӕхт, ӕмӕ авд ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы йӕ быны фесты. Бен-Хадад йӕхӕдӕг сахармӕ балыгъд ӕмӕ фидарӕн йӕ рӕбинагдӕр уаты йӕхи бамбӕхста.


Адон ныццагътой, амалекӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны, ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ ныр дӕр ма цӕрынц уым.


Уыцы хабары фӕстӕ паддзах Ксеркс агагаг Хаммедатайы фырт Аманы скадджын кодта. Сбӕрзонд ис Аман, йӕ бадӕн иннӕ уӕздӕттӕй фӕуӕлдӕр.


Сомы ракӕнгӕйӕ, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд кодтой, уыцы адӕймаджы фӕстӕмӕ балхӕнӕн нӕй: хъуамӕ мард ӕрцӕуа.


Сӕ къалиутӕй дон тӕдздзӕн, ӕмӕ донхъуаг никуы уыдзысты сӕ байзӕддӕгтӕ стыр доны был. Агагӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕни сӕ паддзах, сбӕрзонд уыдзӕни йӕ паддзахад.


Бацахста йӕ ӕмӕ йын йӕ паддзахы уацары райста, бацахста йын йӕ алыварс сахартӕ дӕр. Карды амӕттаг сӕ бакодтой, цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, Дунедарӕджы номыл сӕ бабын кодтой. Йешуа дзы аирвӕзыны фадат иуӕн дӕр нӕ радта. Хевроны сахар ӕмӕ йӕ паддзахы, стӕй Ливнӕйы сахар ӕмӕ йӕ паддзахы куыд бафхӕрдта, раст афтӕ бафхӕрдта Девиры сахар ӕмӕ йӕ паддзахы дӕр.


Афтӕмӕй Йешуа басаста уыцы зылды ӕппӕт паддзӕхты дӕр, сӕ сахартӕ сын бацахста ӕмӕ сын сӕ адӕмы ныццагъта. Дунедарӕджы цагъар Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ сӕ бабын кодта Дунедарӕджы номыл.


Гайы паддзахы та удӕгасӕй ӕрцахстой ӕмӕ йӕ Йешуайы размӕ ӕрбакодтой.


Саул ын дзуапп радта: «Ӕмӕ ӕз Дунедарӕгмӕ куы байхъуыстон. Араст дӕн, кӕдӕм мӕ арвыста, уырдӕм, ӕрбакодтон амалекаг паддзах Агагы ӕмӕ амалекӕгты ныццагътон — Дунедарӕгӕн нывонды охыл.


Ныр цу ӕмӕ ныццӕгъд амалекӕгты. Цыдӕриддӕр сӕм ис, уыдон сын ныффалгӕрон кӕнут. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕн: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, тырынӕй, дзидзидайӕ, галӕй, фысӕй, теуайӕ, хӕрӕгӕй — се ’ппӕты дӕр амар“».


Саул карды амӕттаг бакодта сауджынты сахар Нов дӕр: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сабийӕ, дзидзидайӕ, галӕй, хӕрӕгӕй ӕмӕ фысӕй — се ’ппӕты дӕр ныццагъта.


Давид ӕмӕ йӕ адӕм ӕртыккаг бон Циклагмӕ бахӕццӕ сты. Уӕдмӕ амалекӕгтӕ бабырстой Негев ӕмӕ Циклагмӕ. Басастой Циклаг ӕмӕ йыл арт бафтыдтой,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ