5 Саул амалекӕгты сахары онг бахӕццӕ ис ӕмӕ тӕрфы сӕ размӕ бабадти.
Гайы цӕгатварс рӕсӕнуат скодтой, сахарӕй се ’хсӕн уыди дӕлвӕз. Фондз мин лӕджы бӕрц асадӕны равӕрдта Вефилӕй Гайы ӕхсӕн, сахары ныгуылӕнварс.
Загъта сын: «Бабадут сахары чъылдыммӕ. Сахары цурӕй дард ма ацӕут, уе ’ппӕт дӕр уӕхи цӕттӕ дарут.
Саул адӕммӕ фӕсидт ӕмӕ сӕ Телаимы банымадта: дыууӕсӕдӕ мин фистӕджы, стӕй ма Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй дӕр дӕс мин лӕджы.
Кенӕгтӕн афтӕ бафӕдзӕхста: «Амалекӕгты ’хсӕнӕй рацӕут, нӕ мӕ фӕнды уыдонимӕ сымах дӕр бабын кӕнын. Уымӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн, Мысырӕй куы цыдысты, уӕд хӕрзгӕнӕг разындыстут». Ӕмӕ кенӕгтӕ амалекӕгты ’хсӕнӕй рацыдысты.