4 Саул адӕммӕ фӕсидт ӕмӕ сӕ Телаимы банымадта: дыууӕсӕдӕ мин фистӕджы, стӕй ма Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй дӕр дӕс мин лӕджы.
Уӕд Израилы паддзах Йорам рацыди Самарийы сахарӕй, ӕрзылди бӕстӕйыл ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта хӕстхъом адӕмы иууылдӕр.
Зиф, Телем, Беалот,
Саул сӕ Безекы банымадта, ӕмӕ уыдысты: Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕртӕсӕдӕ мин лӕджы, Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй — дӕс ӕмӕ ссӕдз мины.
Уыйадыл Самуел ацыди Гилгалӕй. [Адӕмӕй ма дзы чи баззади, уыдон дӕр Саулы фӕдыл Гилгалӕй знаджы ныхмӕ хӕцынмӕ Бениамины Гевӕмӕ араст сты.] Саул йӕ адӕмы банымадта, ӕмӕ уыдысты ӕхсӕзсӕдӕйы бӕрц.
Саул амалекӕгты сахары онг бахӕццӕ ис ӕмӕ тӕрфы сӕ размӕ бабадти.