34 Стӕй Самуел ацыди Рамамӕ. Саул дӕр ссыд йӕ хӕдзармӕ, Саулы Гевӕмӕ.
Райсомӕй раджы сыстадысты, скуывтой Дунедарӕгмӕ ӕмӕ сӕхимӕ, Рамайы сахармӕ, аздӕхтысты. Елкана йӕ ус Аннӕимӕ ӕмуат ӕрцыди. Дунедарӕджы зӕрдыл лӕууыд Аннӕ,
Саул дӕр йӕ хӕдзармӕ, Гевӕйы сахармӕ, ацыд. Йемӕ ацыдысты, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыдис, уыцы хъӕбатыртӕ дӕр.
Минӕвӕрттӕ Саулы сахар Гевӕмӕ бацыдысты. Адӕмӕн Нахашы ныхӕстӕ куы рафӕзмыдтой, уӕд адӕм иууылдӕр сӕ хъӕлӕсы дзаг ныккуыдтой.
Уый фӕстӕ-иу ӕрыздӕхти Рамамӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ хӕдзар уым уыд. Уым дӕр тӕрхон кодта Израилӕн. Дунедарӕгӕн дзы сарӕзта нывондхӕссӕн.