Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 15:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ныр цу ӕмӕ ныццӕгъд амалекӕгты. Цыдӕриддӕр сӕм ис, уыдон сын ныффалгӕрон кӕнут. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕн: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, тырынӕй, дзидзидайӕ, галӕй, фысӕй, теуайӕ, хӕрӕгӕй — се ’ппӕты дӕр амар“».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 15:3
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Тимна уыд Исавы фырт Елифазы номылус. Елифазӕн ныййардта Амалекы. Уыдон — Исавӕн йӕ ус Адайӕ цы зӕнӕг рацыд, уыдоны зӕнӕг.


Уый мӕ бафарста: „Чи дӕ?“ Дзуапп ын радтон: „Амалекаг“.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Уыдӕттӕ зӕрдылдарынӕн ныффысс чиныджы, Йешуайӕн та зӕгъ, Ӕз амалекӕгтӕн арвы бын сӕ кой кӕй фесафдзынӕн, уый».


Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг,


Ӕркасти Балаам амалекӕгтӕм ӕмӕ загъта: «Адӕмты фыццаг — амалекӕгтӕ, фӕлӕ сӕ мыггаг дӕр нал баззайдзӕн».


Уӕдӕмӕ амарут, нӕлгоймаджы мыггагӕй дзы цыдӕриддӕр сабитӕ ис, уыдоны ӕмӕ, нӕлгоймагимӕ ӕмуат чи ӕрцыд, уыцы сылгоймӕгтӕй алкӕй дӕр амарут.


Бацахста йӕ ӕмӕ йын йӕ паддзахы уацары райста, бацахста йын йӕ алыварс сахартӕ дӕр. Карды амӕттаг сӕ бакодтой, цӕрӕг удӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, Дунедарӕджы номыл сӕ бабын кодтой. Йешуа дзы аирвӕзыны фадат иуӕн дӕр нӕ радта. Хевроны сахар ӕмӕ йӕ паддзахы, стӕй Ливнӕйы сахар ӕмӕ йӕ паддзахы куыд бафхӕрдта, раст афтӕ бафхӕрдта Девиры сахар ӕмӕ йӕ паддзахы дӕр.


Хӕцыди хъӕбатырӕй. Ныддӕрӕн кодта амалекаг лӕбурджыты ӕмӕ сын сӕ азарӕй фервӕзын кодта Израилы адӕмы.


Стӕй дӕ Дунедарӕг арвыста ӕмӕ дын загъта: „Ацу ӕмӕ уыцы тӕригъӕдджынтимӕ, амалекӕгтимӕ, схӕц, цалынмӕ сӕ — Мӕнӕн нывонды охыл — ныццӕгъдай, уӕдмӕ“.


Фӕлӕ Саул ӕмӕ йӕ адӕм фӕтӕригъӕд кодтой Агагӕн, нӕ сӕ бафӕндыд фыстӕ ӕмӕ стурты хуыздӕрты, хӕрзхаст родтӕ ӕмӕ уӕрыччыты ныццӕгъдын. Цӕвиттон, зынаргъдӕрӕй цы уыд, ууыл бацауӕрстой, ӕвзӕрдӕр ӕмӕ ницӕйагдӕрӕй цы разынд, уыдон та ныффалгӕрон кодтой.


Саул карды амӕттаг бакодта сауджынты сахар Нов дӕр: нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сабийӕ, дзидзидайӕ, галӕй, хӕрӕгӕй ӕмӕ фысӕй — се ’ппӕты дӕр ныццагъта.


Давид гӕныстон кодта уыцы бӕстӕ ӕмӕ — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй — се ’ппӕты дӕр мардта. Байста-иу сын сӕ фыстӕ, се стуртӕ, сӕ хӕрджытӕ, сӕ теуатӕ, сӕ дарӕс. Куы-иу раздӕхт ӕмӕ-иу Ахишмӕ куы бацыди,


Хур нӕма скасти, афтӕ сыл Давид йӕхи ныццавта ӕмӕ сӕ суанг изӕрмӕ цагъта. Ничи йын дзы аирвӕзти удӕгасӕй, ӕрмӕст цыппарсӕдӕ лӕппуйы теуатыл абадтысты ӕмӕ алыгъдысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ