Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 15:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Сӕумӕрайсом араст ис Саулы агурӕг. Самуелӕн фехъусын кодтой, Саул Кармелмӕ бацыди, уым йӕхицӕн кады цыртдзӕвӕн ныссагъта, стӕй уырдыгӕй рацыди ӕмӕ Гилгалмӕ ныххӕццӕ ис, зӕгъгӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 15:12
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Райсомӕй раджы Авраам райста дзул ӕмӕ доны лалым, Агары уӕхскыл сӕ сӕвӕрдта, радта йын лӕппуйы дӕр ӕмӕ йӕ арвыста афтӕмӕй. Уый араст ис ӕмӕ Беер-Шевӕйы ӕдзӕрӕг быдыры фӕдзӕгъӕл ис.


Авессалом йӕ удӕгасӕй Паддзахы дӕлвӕзы йӕхицӕн цырт ныссагъта, уымӕн ӕмӕ афтӕ загъта: «Мӕнӕн фырт нӕй, ӕмӕ мӕ ном уӕлӕуыл нӕ баззайдзӕн». Цырт йӕхи номӕй рахуыдта, ӕмӕ абон дӕр хуыйны Авессаломы цырт.


кармелаг Хецро; арбитаг Паарай;


Ӕмӕ Ахав минас кӕнынмӕ ацыд, Илийа та Кармелы хохмӕ ссыди, зӕхмӕ ӕргуыбыр кодта, йӕ сӕр йӕ уӕрджыты ’хсӕн бакодта


Мӕсгуытӕ сарӕзта ӕдзӕрӕг быдыры дӕр, ноджы скъахта бирӕ донуӕттӕ, уымӕн ӕмӕ йӕм уӕлвӕзты дӕр ӕмӕ дӕлвӕзты дӕр бирӕ фос уыди. Хӕхбӕсты ӕмӕ йӕм дӕлвӕзы уыди зӕхкусджытӕ ӕмӕ сӕндонгӕстӕ, уымӕн ӕмӕ зӕххы куыст уарзта.


ӕмӕ ахъуыды кодтон: ныртӕккӕ мӕм филистимӕгтӕ ӕрбабырсдзысты Гилгалмӕ, ӕз та Дунедарӕгӕн нӕма балӕгъстӕ кодтон. Гӕнӕн мын куынӕуал уыд, уӕд мӕхӕдӕг ӕрхастон иууылсудзинаг нывонд».


Уыйадыл Самуел ацыди Гилгалӕй. [Адӕмӕй ма дзы чи баззади, уыдон дӕр Саулы фӕдыл Гилгалӕй знаджы ныхмӕ хӕцынмӕ Бениамины Гевӕмӕ араст сты.] Саул йӕ адӕмы банымадта, ӕмӕ уыдысты ӕхсӕзсӕдӕйы бӕрц.


Давид райсомӕй раджы фысты дзуг уӕтӕргӕсы ӕвджид бакодта ӕмӕ аласта йӕ уаргъ, Йессей йын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Куы бахӕццӕ, уӕд ӕфсӕдтӕ хӕстӕввонгӕй рацӕйцыдысты, тохы хъӕр систой, афтӕмӕй.


Калевы мыггагӕй иу лӕг, йӕ ном — Навал, Маоны сахайраг, йӕ дзугтӕ Кармелы сахары дардта. Тынг хъӕздыг уыд: ӕртӕ мины йӕм фыстӕ уыд, иу мин — сӕгътӕ. Йӕ фыстӕ ӕлвыдта ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Кармелы уыди. Навалы ус Авигеа — ӕмбаргӕ ӕмӕ рӕсугъд сылгоймаг, Навал йӕхӕдӕг та — фыдзонд ӕмӕ тыхдзырд.


Самуел Мицпа ӕмӕ Шены ӕхсӕн ныссагъта дур ӕмӕ йӕ схуыдта Евен-Езер. Загъта: «Ацы бынаты онг нын Дунедарӕг ӕххуыс кодта».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ