1 Паддзахӕдтӕ 14:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст6 Ионатан йӕ хотыхдарӕн загъта: «Цӕй ӕмӕ ацы ӕнӕсунӕттӕм бахъуызӕм. Кӕд нын Дунедарӕг баххуыс кӕнид — Уымӕн зын нӕу махӕн уӕлахиз раттын, фӕнды бирӕ уӕм, фӕнды — чысыл». အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Дунедарӕгмӕ, йӕ Хуыцаумӕ, скуывта: «О Дунедарӕг! Дӕу йеддӕмӕ чи баххуыс кӕндзӕн ӕдыхӕн, цӕмӕй хъомысджыны ныхмӕ фӕлӕууа! О Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Баххуыс нын кӕн уӕдӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ зӕрдӕ Дӕуыл дарӕм, Дӕ номы сӕраппонд рацыдыстӕм ацы стыр ӕфсады ныхмӕ. О Дунедарӕг! Ды нӕ Хуыцау дӕ! Адӕймаджы Дӕ ныхмӕ фӕлӕууын ма бауадз!»