Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 14:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Саул Дунедарӕгмӕ скуывта: «Израилы Хуыцау! Дӕ цагъарӕн абон дзуапп цӕуылнӕ радтай? Кӕд азымджын ӕз ӕмӕ мӕ фырт Ионатанӕй исчи у, уӕд, о Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, хӕлттӕй схауын кӕн „урим“, кӕд ӕмӕ азымджын Израилы адӕм сты, Дӕ адӕм, уӕд та — „туммим“». Схаудта Ионатан ӕмӕ Саулы хал, адӕм та ӕназым разындысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 14:41
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ скуывтой: «Бардарӕг, Ды алкӕй зӕрдӕ дӕр зоныс. Равдис нын, сӕ дыууӕйӕ ацы лӕггадӕн кӕй равзӕрстай, уый,


Уӕд науы кусджытӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Цӕй ӕмӕ хӕлттӕ сӕппарӕм, ацы бӕллӕх кӕй азарӕй ӕййафӕм, уый базонынӕн». Сӕппӕрстой, ӕмӕ Ионӕйы хал схаудта.


Адӕм хӕлттӕ сӕппарынц, фӕлӕ алы уынаффӕ дӕр Дунедарӕгӕй рацӕуы.


Хӕлттӕ сӕппӕрстой, Матфийы хал схаудта, ӕмӕ иуӕндӕс апостолимӕ бамбал ис.


Саул Израилы адӕмӕн загъта: «Сымах слӕуут иуӕрдыгӕй, ӕз та мӕ фырт Ионатанимӕ — иннӕрдыгӕй». Саулӕн загътой: «Куыд дӕ фӕнды, афтӕ бакӕн».


Саул загъта: «Ныр та ӕз ӕмӕ мӕ фырт Ионатаны тыххӕй сӕппарут хӕлттӕ». Схаудта Ионатаны хал.


Тӕрхондоны ныхасы бар фыццаг кӕмӕ ’рхауы, уый растдӕр фӕзыны, цалынмӕ йӕ ныхмӕлӕууӕг не ’рбацӕуы ӕмӕ йӕ не ’рфӕрсы, уӕдмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ