Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 13:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ ахызтысты Иорданы фаллаг фарсмӕ — Гады зӕхмӕ ӕмӕ Галаадмӕ. Саул та нырма Гилгалы уыди, ӕмӕ, йемӕ цы адӕм баззад, уыдон иууылдӕр ӕмризӕджы рызтысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 13:7
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕ азары хай уӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ уыл уе знӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдзысты; ӕлдариуӕг уын кӕндзысты, ӕмӕ уӕ сургӕ ничи кӕндзӕн, афтӕмӕй лидздзыстут.


Зӕгъӕнт ма ноджыдӕр уагдартӕ хӕстонтӕн: „Кӕд уӕ исчи йӕ ныфс нӕ хӕссы, йӕ зӕрдӕйы тас ис, уӕд аздӕхӕд фӕстӕмӕ йӕ хӕдзармӕ, цӕмӕй уымӕ гӕсгӕ йе ’фсымӕрты зӕрдӕты дӕр тас ма бацӕуа“.


Дунедарӕг уӕ лидзӕг фӕкӕндзӕни уе знӕгты разӕй: иу фӕндагыл сӕ ныхмӕ ралӕудзыстут, авд фӕндагыл та сӕ разӕй лидздзыстут. Уӕ хъысмӕтӕй ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр ныккӕрздзысты.


Уӕды заман цы зӕхх байстам, уый Арноны был Ароерӕй райдайы; Галаады хӕхбӕсты ӕмбис ӕд сахартӕ ӕз Рувим ӕмӕ Гады байзӕддӕгтӕн радтон.


ноджыдӕр Галаад ӕмӕ Гешуры ӕмӕ Маахайы бӕстӕтӕ, Ермоны хох ӕнӕхъӕнӕй ӕмӕ Башан иууылдӕр Салхайы онг,


Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иннӕ ӕмбисӕн та Дунедарӕджы цагъар Моисей сӕ зӕххы хай раздӕр радта — Иорданы скӕсӕнварс:


Хӕстонтӕн фехъусын кӕн: тӕрсгӕ чи кӕны ӕмӕ ныфс кӕмӕ нӕй, уыдон Галаады хӕхтӕй ацӕуӕнт». Дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мин лӕджы фӕстӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕм аздӕхтысты, дӕс мины та уым баззадысты.


Самуел цы ӕмгъуыд скодта, уымӕ гӕсгӕ йӕм Саул авд боны банхъӕлмӕ касти, фӕлӕ Самуел не ’рбацыди Гилгалмӕ, ӕмӕ адӕм фӕйнӕрдӕм лидзын райдыдтой.


Саул ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ филистимагӕй уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕудаист сты, стыр тас сӕ бацыди.


Изреелы дӕлвӕз ӕмӕ Иорданы фале цӕрӕг израилӕгтӕ куы федтой, Израилы ӕфсад дӕрӕнгонд ӕрцыди, Саул ӕмӕ йӕ фырттӕ та фӕмард сты, уый, уӕд сӕ сахартӕй фӕлидзӕг сты. Филистимӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ сӕ бацахстой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ