Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 13:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Израилӕгтӕ уыдтой сӕ уӕззау уавӕр, уынгӕджы фесты ӕмӕ сӕхи ӕмбӕхстой лӕгӕтты, цъассыты, къӕдзӕхты скъуыдты, зӕппӕдзты ӕмӕ донуӕтты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 13:6
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид Гадӕн загъта: «Тынг уӕззау уавӕры дӕн, фӕлӕ, адӕмы къухмӕ бахауыны фӕлтау уадз ӕмӕ Дунедарӕджы къухмӕ бахауӕм, — Уый бирӕбараг у».


Уымӕн уӕ ныггӕныстон кодтой ӕмӕ бастыгътой, бадут ахӕстӕтты ӕмӕ хъоргъыты, уӕ фыдгулты амӕттаг баистут, ахастой уӕ, ӕмӕ уӕ ничи ссӕрибар кӕны, ничи домы фыдгултӕй, ацы адӕмы фӕстӕмӕ рауадзут, зӕгъгӕ.


Годолийы тыххӕй кӕй амарын кодта, уыцы адӕмы мӕрдтӕ Нетаниайы фырт Измаел цъайы ныппӕрста. Уыцы цъай кӕддӕр, израилаг паддзах Баасайы ныхмӕ хӕцгӕйӕ, сарӕзта паддзах Аса. Нетаниайы фырт Измаел цъай мӕрдтӕй байдзаг кодта.


Фехъусын сын кӕн: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: сомы кӕнын Мӕхицӕй: хӕлддзӕгты ’хсӕн чи цӕры, уыдон карды амӕттаг бауыдзысты; быдыры чи ис, уыдоны хъӕддаг сырдтӕн бахӕрын кӕндзынӕн, фидӕрттӕ ӕмӕ лӕгӕтты чи ис, уыдон та амӕлдзысты емынӕйӕ.


Сӕ иумӕ дӕр ӕхсайы мӕ зӕрдӕ ӕмӕ иннӕмӕ дӕр: фӕнды мӕ ацы дунейӕ ацӕуын ӕмӕ Чырыстиимӕ цӕрын — уый бирӕ хуыздӕр у.


Ӕппӕт дуне кӕй аккаг нӕ уыди, уыдон рахау-бахау кодтой ӕдзӕрӕг быдырты ӕмӕ хӕхты, лӕгӕтты ӕмӕ цъассыты.


Гайы фӕдисӕттӕ фӕстӕмӕ фӕкастысты ӕмӕ, сӕ сахар куыд судзы, уый ауыдтой, йӕ фӕздӕг арвмӕ цавта. Налдӕр сын иуӕрдӕм фӕндаг уыди, налдӕр — иннӕрдӕм. Йешуаимӕ Израилы ӕфсадӕй ӕдзӕрӕг быдыры ’рдӕм ӕфсоны лыгъд чи кодта, уыдон дӕр сахары сӕрмӕ фӕздӕгӕй базыдтой, ӕмбӕхстӕй чи бадти, уыдон сахар кӕй байстой, ӕмӕ фӕстӕмӕ фездӕхтысты, сӕ сурджытыл сӕхи ныццавтой.


Аммонӕгтӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ бахызтысты, цӕмӕй Иудӕ, Бениамин ӕмӕ Ефремы фӕдонтӕм бабырсой. Израилӕгтӕ тынг уӕззау уавӕры бахаудысты,


Израилӕгтӕ фӕстӕмӕ сахары ’рдӕм сӕ ных сарӕзтой. Бениамины хӕстонтӕ фӕтарстысты, уымӕн ӕмӕ бамбӕрстой, кӕй сӕ басастой, уый.


Израилӕгтӕ мидианӕгты ’фсондзы бын хъизӕмарӕй мардысты, къӕдзӕхты цъассыты, лӕгӕтты ӕмӕ ӕвадат хӕхты бӕрзӕндты бамбӕхстысты.


Уыйадыл Самуел ацыди Гилгалӕй. [Адӕмӕй ма дзы чи баззади, уыдон дӕр Саулы фӕдыл Гилгалӕй знаджы ныхмӕ хӕцынмӕ Бениамины Гевӕмӕ араст сты.] Саул йӕ адӕмы банымадта, ӕмӕ уыдысты ӕхсӕзсӕдӕйы бӕрц.


Филистимӕгтӕ сӕ куы федтой, уӕд загътой: «Мӕнӕ дзуттӕгтӕ се ’мбӕхсӕн цъассытӕй рацыдысты».


Ефремы хӕхбӕсты йӕхи чи ӕмбӕхста, уыцы израилӕгтӕ дӕр, филистимӕгтӕ фӕлидзӕг сты, уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ фӕсте асырдтой ӕмӕ семӕ схӕцыдысты.


Зифӕгтӕ ссыдысты Гевӕмӕ, Саулмӕ, ӕмӕ йын радзырдтой: «Давид махмӕ ис, Хорешы фидӕртты бады — Йешимоны хуссарварс Хакилайы къуыбырыл.


Саул ӕрӕмбырд кодта ӕртӕ мин лӕджы, Израилы ӕвзаргӕты, ӕмӕ, сычъиты хӕтӕнтӕ кӕм уыдысты, уыцы хӕхты ’рдӕм араст Давид ӕмӕ йӕ адӕмы агурӕг.


Изреелы дӕлвӕз ӕмӕ Иорданы фале цӕрӕг израилӕгтӕ куы федтой, Израилы ӕфсад дӕрӕнгонд ӕрцыди, Саул ӕмӕ йӕ фырттӕ та фӕмард сты, уый, уӕд сӕ сахартӕй фӕлидзӕг сты. Филистимӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ сӕ бацахстой.


Мицпайы ӕрӕмбырд сты, уый филистимӕгтӕ куы базыдтой, уӕд се ’лдӕрттӕ ӕд ӕфсад абырстой израилӕгты ныхмӕ. Уый фехъусгӕйӕ, израилӕгтӕ фӕтарстысты филистимӕгтӕй


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ