Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 13:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Филистимӕгтӕ растадысты Израилы ныхмӕ схӕцынмӕ. Уыди сӕм ӕртӕ мин тохуӕрдоны, ӕхсӕз мин бӕхджын ӕфсӕддоны ӕмӕ денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц фистӕг ӕфсад. Ӕрбацыдысты ӕмӕ Бет-Авенӕй скӕсӕнӕрдӕм, Михмасы цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 13:5
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

уый тыххӕй дын Ӕз ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызы былгӕрон змис ӕнӕнымӕц куыд сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты!


Гъемӕ дын мӕнӕ мӕ уынаффӕ: ӕрбамбырд дӕм уӕнт ӕппӕт Израил, Данӕй Беер-Шевӕйы онг чидӕриддӕр ис, уыдон, денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц куыд уой, афтӕ, ӕмӕ-иу дӕхӕдӕг дӕр семӕ рацу.


Израилӕгтӕ дӕр скодтой ӕфсад, семӕ райстой хӕлц ӕмӕ сӕ ныхмӕ ӕрлӕууыдысты. Сириӕгтӕ бацахстой ӕнӕхъӕн быдыр, ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ разы уыдысты сӕгъты дыууӕ чысыл дзуджы хуызӕн.


Гъемӕ уӕдӕ, о Дунедарӕг Хуыцау, мӕ фыд Давидӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдтай, уый сӕххӕст уӕд. Зӕххы рыгау банымайӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмы сӕргъы мӕ сӕвӕрдтай паддзахӕй,


Ассириӕгтӕ бабырстой Гаййатмӕ, Мигроны уылты ацыдысты, Михмасы ныууагътой сӕ чырӕ,


Даргъ-уӕрӕх ацыдаид уӕ мыггаг, денджызы змисау ныббирӕ уыдаид уӕ байзӕддаг ӕмӕ сӕфты къахыл нӕ ныллӕууыдаиккой, никуы фесӕфтаид Мӕ разы сӕ ном».


Сӕ идӕдзтӕ Мӕ фӕндонӕй денджызы змисӕй фылдӕр систы. Ӕмбисбон сын сӕ мадӕлтыл Ӕз абырджыты бафтыдтон, ӕвиппайды сыл стыр тас бахӕцдзӕн.


Нырриздзысты Самарийы цӕрджытӕ Бет-Авены гуымирыйы тыххӕй. Йӕ кувджытӕ ӕмӕ йӕ дзуарылӕгтӕ йыл хъынцъым кӕндзысты, йӕ кад куы ӕрбайсӕфа, уӕд.


Кӕд ды хӕтгӕ кӕныс, Израил, уӕд Иудӕ тӕригъӕдӕй йӕхи бахизӕд! Ма цӕут Гилгал кӕнӕ Бет-Авенмӕ ӕмӕ Дунедарӕгӕй сомы ма кӕнут.


Сыкъауадындзӕй ныууасут Гевӕйы, хӕтӕлӕй — Рамайы, ныффӕдис кӕнут Бет-Авены: «Дӕ фӕдыл, Бениамин!»


Исайа та Израилы тыххӕй зӕгъы: «Израилы фыртты нымӕц денджызы змисау куы уа, уӕд дӕр сӕ ӕрмӕст чысыл къорд фервӕздзӕн.


Ӕмӕ уыдон се ’фсӕдтимӕ рараст сты сӕ хӕстон стӕры. Денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц уыдысты, тынг бирӕ сӕм уыди бӕхтӕ ӕмӕ хӕстон уӕрдӕттӕ.


Йӕ цӕгатаг арӕн райдыдта Иорданӕй, базылди Йерихоны цӕгатварсӕрдӕм, дарддӕр йе ’ргом сарӕзта ныгуылӕнӕрдӕм ӕмӕ схызти хӕхтӕм, стӕй йӕхи айтыгъта Бет-Авены цур ӕдзӕрӕг быдырмӕ.


Йешуа Йерихонӕй йе сгарджыты арвыста Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм, Бет-Авенмӕ хӕстӕг сахар Гаймӕ. Бафӕдзӕхста сын: «Ацӕут ӕмӕ уыцы бӕстӕ басгарут». Уыдон ацыдысты ӕмӕ Гайы сахарыл ӕрзылдысты.


Мидианӕгтӕ, амалекӕгтӕ ӕмӕ скӕсӕны адӕмтӕ ӕрбынат кодтой дӕлвӕзы. Мӕтыхтау бирӕ уыдысты, сӕ теуатӕ — денджызы змисау, ӕнӕнымӕц.


Фӕлӕ йӕ Самуел афарста: «Уый цы бакодтай?» Саул ын дзуапп радта: «Ӕз уыдтон, адӕм лидзын райдыдтой, ды ӕмгъуыды бонмӕ не ’рбацыдтӕ, филистимӕгтӕ та ныридӕгӕн Михмасы ӕрӕмбырд сты,


Израилӕгтӕй Саул йӕхицӕн равзӕрста ӕртӕ мин лӕджы. Уыдонӕй дыууӕ мины Саулимӕ уыдысты Михмасы ӕмӕ Вефилы хӕхбӕсты, иу мин та — йӕ фырт Ионатанимӕ Бениамины Гевӕйы. Иннӕ адӕмы Саул ауагъта сӕ хӕдзӕрттӕм.


Афтӕмӕй Дунедарӕг уыцы бон Израилӕн радта уӕлахиз. Хӕсты цӕхӕр анхъӕвзта суанг Бет-Авены фалемӕ.


Саулы заман филистимӕгтимӕ иудадзыг цыди карз хӕст. Саул-иу тыхджын ӕмӕ ӕхсарджын лӕгыл куы амбӕлди, уӕд-иу ӕй йе ’фсадмӕ ӕрбакодта.


Филистимӕгтӕ хӕстмӕ рацыдысты, се ’фсӕдтӕ ӕрӕмбырд кодтой Иудӕйы зӕххыл, Сохойы. Рӕсӕнуат скодтой Эфес-Даммимы, Сохойӕ Азекайы ’хсӕн.


Афтӕ саст ӕрцыдысты филистимӕгтӕ ӕмӕ Израилы арӕнтӕм нал бырстой. Дунедарӕг сӕ суанг Самуелы амӕлӕты онг уӕлӕмӕ скӕсын нал суагъта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ