Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 13:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Ӕппӕт Израилы дӕр куы фехъуыстой, Саул ныддӕрӕн кодта филистимӕгты ӕфсады къорд, ӕмӕ Израил филистимӕгтӕн бынтондӕр фенӕуынон ис, уӕд адӕм Саулмӕ ӕрӕмбырд сты Гилгалы сахармӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 13:4
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йаков Симеон ӕмӕ Левийӕн загъта: «Фыдбылызы мӕ баппӕрстат! Сӕнӕуынон мӕ кодтат ацы бӕстӕйы цӕрджытӕн — ханаанӕгтӕ ӕмӕ периззӕгтӕн! Мӕ адӕм цъус сты, ӕмӕ адон ӕмхуызонӕй мӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд мын мӕхи дӕр ӕмӕ мӕ бинонты дӕр бабын кӕндзысты!»


уӕд-иу ын раттут ахӕм дзуапп: „Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау не ’взонгӕй нырмӕ фосдарджытӕ стӕм“. Ӕмӕ уӕд Гошены зӕххыл баззайдзыстут, уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ фыййӕуттыл былысчъил кӕнынц».


Аммонӕгтӕ куы бамбӕрстой, Давидӕн ӕнӕуынон фестадысты, уый, уӕд Бет-Рехов ӕмӕ Цовамӕ арвыстой ӕмӕ уымы арамейӕгтӕй ссӕдз мин фистӕг хӕстоны баххуырстой, ноджы ма баххуырстой Маахайы паддзахы, йемӕ мин лӕджы, афтӕмӕй, Товы адӕмӕй та — дыууадӕс мины.


ӕмӕ сын загътой: «Дунедарӕг уӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд, фараон ӕмӕ нӕ йӕ дӕлдӕртӕн кӕй сӕнӕуынон кодтат, уый тыххӕй! Кард сын радтат сӕ къухмӕ, цӕмӕй нӕ амарой».


Иу мӕймӕ ӕртӕ фыййауы фесафдзынӕн; уыдон мӕ куыд нӕ уарзынц, афтӕ Мӕнӕн дӕр суыдзысты ӕнӕуынон.


Уый фӕстӕ Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Мысыры худинаджы уаргъ уын абон уӕ рагъӕй систон». Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы бынат схуындӕуыди Гилгал.


Мӕ разӕй-иу цу Гилгалмӕ. Ӕз дӕм ныццӕудзынӕн иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ ӕрхӕссынмӕ. Авд боны-иу банхъӕлмӕ кӕс ме ’рцыдмӕ, стӕй дын бацамондзынӕн, цы гӕнгӕ у, уый».


Ахиш ӕууӕндыди Давидыл ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Уый ахӕм уӕнгӕл фестад йӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕмӕ мын мыггагмӕ уыдзӕни лӕггадгӕнӕг».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ