Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 13:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Израилӕгтӕй Саул йӕхицӕн равзӕрста ӕртӕ мин лӕджы. Уыдонӕй дыууӕ мины Саулимӕ уыдысты Михмасы ӕмӕ Вефилы хӕхбӕсты, иу мин та — йӕ фырт Ионатанимӕ Бениамины Гевӕйы. Иннӕ адӕмы Саул ауагъта сӕ хӕдзӕрттӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 13:2
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы рӕстӕг се ’хсӕн фӕци иу ӕнаккаг лӕг, Бениамины мыггагӕй, Бихрийы фырт Савей. Сыкъауадындзӕй ныууасыди уый ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Махӕн та ма ныр Давид чи у? Йессейы фыртимӕ мах цы хъуыддаг ис? Гъӕй кӕнут уӕ цатыртӕм, израилӕгтӕ!»


уый тыххӕй нын йӕ байзӕддӕгтӕй авд нӕ къухмӕ ратт, ӕмӕ сӕ мах, Дунедарӕг кӕй равзӕрста, уыцы Саулы Дунедарӕджы раз Гевӕйы ӕрцауындзӕм». Паддзах сын загъта: «Ратдзынӕн».


Баанайы фырт Хелев, нетофаг; Ривайы фырт Итай — Бениамины Гевӕйӕ;


Михмасӕй рацӕуджытӕ — сӕдӕ дыууын дыууӕ;


Бениамины байзӕддӕгтӕ — Гевӕйӕ райдай ӕмӕ Михмасы, Айайы, Вефилы ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕуты,


Цела-Елеф, Йевус (ома Йерусалим), Гевӕ ӕмӕ Кирйат-Иарим — цыппӕрдӕс сахары сӕ алыварс хъӕутимӕ. Ахӕм уыди мыггаггай Бениамины байзӕддӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон.


Уый фӕстӕ сын Йешуа раарфӕ кодта ӕмӕ сӕ ауагъта, ӕмӕ сӕ алчи йӕ хӕдзармӕ аздӕхт.


Йӕ хицау ын загъта: «Нӕ, мах ӕцӕгӕлӕттӕм, Израилы адӕмӕй чи нӕу, уыдонмӕ нӕ бацӕудзыстӕм. Гевӕйы сахармӕ ацӕуӕм».


Саул дӕр йӕ хӕдзармӕ, Гевӕйы сахармӕ, ацыд. Йемӕ ацыдысты, Хуыцауыл иузӕрдион чи уыдис, уыцы хъӕбатыртӕ дӕр.


Уый фӕстӕ бахӕццӕ уыдзынӕ Хуыцауы кувӕн къуыбырмӕ, филистимаг ӕфсады къорд кӕм лӕууы, уырдӕм. Уым, сахармӕ бацӕуӕны цур, амбӕлдзынӕ къуыбырӕй цӕуӕг пехуымпарты къордыл. Уыдон кӕндзысты пехуымпариуӕг, сӕ разӕй цӕуджытӕ цӕгъддзысты дыууадӕстӕнонтӕй, далатӕй, уадындзтӕй ӕмӕ хъисфӕндыртӕй.


Саулыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы цыд, Израилы паддзах куы сси, уӕд. Израилӕн паддзахиуӕг фӕкодта дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз азы.


Фӕлӕ йӕ Самуел афарста: «Уый цы бакодтай?» Саул ын дзуапп радта: «Ӕз уыдтон, адӕм лидзын райдыдтой, ды ӕмгъуыды бонмӕ не ’рбацыдтӕ, филистимӕгтӕ та ныридӕгӕн Михмасы ӕрӕмбырд сты,


Уыйадыл Самуел ацыди Гилгалӕй. [Адӕмӕй ма дзы чи баззади, уыдон дӕр Саулы фӕдыл Гилгалӕй знаджы ныхмӕ хӕцынмӕ Бениамины Гевӕмӕ араст сты.] Саул йӕ адӕмы банымадта, ӕмӕ уыдысты ӕхсӕзсӕдӕйы бӕрц.


Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатан, семӕ цы адӕм баззад, уыдонимӕ ӕрбынат кодтой Бениамины Гевӕйы. Филистимӕгты рӕсӕнуат та Михмасы уыди.


Филистимӕгты ӕфсӕддон къорд рацыди Михмасмӕ бацӕуӕн бахъахъхъӕнынмӕ.


Филистимӕгтӕ растадысты Израилы ныхмӕ схӕцынмӕ. Уыди сӕм ӕртӕ мин тохуӕрдоны, ӕхсӕз мин бӕхджын ӕфсӕддоны ӕмӕ денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц фистӕг ӕфсад. Ӕрбацыдысты ӕмӕ Бет-Авенӕй скӕсӕнӕрдӕм, Михмасы цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты.


Уыцы бон израилӕгтӕ ныддӕрӕн кодтой филистимӕгты ӕмӕ сӕ Михмасӕй Айалонмӕ аппӕрстой. Тынг бастадысты адӕм.


Иу дзы уыди цӕгатӕрдыгӕй, Михмасы ныхмӕ, иннӕ та — хуссарӕрдыгӕй, Гевӕйы ныхмӕ.


Саулы заман филистимӕгтимӕ иудадзыг цыди карз хӕст. Саул-иу тыхджын ӕмӕ ӕхсарджын лӕгыл куы амбӕлди, уӕд-иу ӕй йе ’фсадмӕ ӕрбакодта.


Стӕй Самуел ацыди Рамамӕ. Саул дӕр ссыд йӕ хӕдзармӕ, Саулы Гевӕмӕ.


Саул ӕрӕмбырд кодта ӕртӕ мин лӕджы, Израилы ӕвзаргӕты, ӕмӕ, сычъиты хӕтӕнтӕ кӕм уыдысты, уыцы хӕхты ’рдӕм араст Давид ӕмӕ йӕ адӕмы агурӕг.


Саул Зифы ӕдзӕрӕг быдырмӕ Давиды агурӕг ныццыд. Йемӕ уыди ӕртӕ мин лӕджы, Израилы ӕвзаргӕтӕ.


ӕмӕ загъта: «Уӕ сӕргъы цы паддзах лӕууа, уый уын хицауиуӕг кӕндзӕни мӕнӕ афтӕ: уӕ фыртты уын байсдзӕн ӕмӕ дзы иуты бафтаудзӕн йӕ тохуӕрдӕттыл, иннӕты — йӕ бӕхӕфсадыл, аннӕтӕ та уыдзысты паддзахы барджытӕ ӕмӕ йӕ уӕрдоны разӕй уайдзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ