Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 13:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 иннӕ — Бет-Хоронмӕ фӕндагыл, ӕртыккаг къорд та йӕ ных сарӕзта, Цевоимы дӕлвӕз ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры ацы фарс цы хӕхты рагъ ис, уырдӕм.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 13:18
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

сӕ зӕххытӕ Сидонӕй Герары ’рдӕм ӕххӕссыдысты Газӕйы онг, Содом, Гоморрӕ, Адма ӕмӕ Цевоимы ’рдӕм та — Лешайы онг.


хӕстӕввонгӕй араст сты Содомы паддзах Берӕйы, Гоморрӕйы паддзах Биршайы, Адмайы паддзах Шинавы, Цевоимы паддзах Шемеверы ӕмӕ Белайы (ома Цоары) паддзахы ныхмӕ хӕцынмӕ.


Рацарӕзта уӕллаг Бет-Хорон ӕмӕ дӕллаг Бет-Хорон, бырутӕй ӕхгӕд фидӕрттӕ сӕ скодта, сӕ кулдуӕрттыл — ӕвдузӕнтӕ ӕвӕрд.


Хадиды, Цевоимы, Неваллаты,


Куыд дӕ ныууадзон, Ефрем? Гадзрахатӕй дыл куыд рацӕуон, Израил? Адмӕйӕн ци ми бакодтон, ахӕм ми уын куыд бакӕнон? Цевоимӕн цытӕ бакодтон, уыдӕттӕ уын куыд бавзарын кӕнон? Мӕ зӕрдӕ фӕйнӕрдӕм тоны, тынг уын тӕригъӕд кӕнын.


Дунедарӕг аморӕгты удаист фӕкодта израилӕгты уындӕй, ӕмӕ сӕ израилӕгтӕ ныццагътой Гивоны цур. Стӕй сӕ Бет-Хороны ӕрхизӕныл суанг Азека ӕмӕ Македайы онг дӕрӕнгӕнгӕ сӕ разӕй ахастой.


Бет-Хороны фахсыл уым дӕлӕмӕ куы фӕцӕйлыгъдысты израилӕгты разӕй, уӕд сыл Дунедарӕг уӕларвӕй стыр ихдуртӕ ӕппарын байдыдта суанг Азекайы онг, ӕмӕ мардысты. Ихдурты амӕттӕгтӕ фӕфылдӕр сты, израилӕгтӕ кардӕй кӕй фӕцагътой, уыдонӕй.


ӕмӕ дарддӕр ныгуылӕнӕрдӕм ӕрхызти йафлетӕгты ӕмӕ Дӕллаг Бет-Хороны зӕххытӕм, стӕй Гезермӕ, аххӕссыди суанг Зӕххастӕуы денджызы онг.


Ефремы байзӕддаджы мыггӕгтӕ цы зӕххытӕ райстой, уыдоны хуссайраг арӕн скӕсӕнӕрдыгӕй райдыдта Атрот-Аддарӕй ӕмӕ ныгуылӕнӕрдӕм йӕхи айтыгъта Уӕллаг Бет-Хороны онг.


Филистимӕгтӕ иууылдӕр фӕудаист сты: рӕсӕнуаты ӕмӕ йӕ алфамбылай чи уыдис, уыдон, стӕй бӕстӕ гӕныстонгӕнджытӕ ӕмӕ Михмасмӕ бацӕуӕн хъахъхъӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр ӕмризӕджы рызтысты. Ӕгас зӕхх дӕр нынкъуысыд, ӕмӕ Хуыцау стыр тас бафтыдта филистимӕгтыл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ