Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 13:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Фӕлӕ ныр дӕ паддзахдзинад бирӕ нӕ ахӕсдзӕн. Дунедарӕг Йӕхицӕн бацагурдзӕн зӕрдӕхцон адӕймаг ӕмӕ йӕ скӕндзӕн Йӕ адӕмы фӕтӕг, уымӕн ӕмӕ Йын ды Йӕ фӕндон нӕ сӕххӕст кодтай».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 13:14
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Амӕй размӕ дӕр, Саул паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ды лӕууыдтӕ Израилы ӕфсады сӕргъы. Дунедарӕг дын загъта: „Ды хъахъхъӕндзынӕ Мӕ адӕмы, Израилы, ды уыдзынӕ сӕ фӕтӕг“».


Давид ын дзуапп радта: «Уыдоны раз нӕ, фӕлӕ мӕ дӕ фыд ӕмӕ йӕ хӕдзарвӕндаджы бӕсты Израилӕн, Дунедарӕджы адӕмӕн, фӕтӕгӕй Чи равзӕрста, Уый раз! Дунедарӕджы раз кафынмӕ ӕз цӕттӕ дӕн!


Афтӕ фӕмард ис Саул, Дунедарӕгыл иузӕрдион кӕй нӕ разынд, уый тыххӕй. Йӕ дзырдмӕ Йын нӕ байхъуыста, суанг ма бафарста мӕрдтӕмсидӕджы дӕр,


уымӕн ӕмӕ хъӕздыгдзинад ӕнусон нӕу ӕмӕ паддзахы кады худ дӕр алы хатт иу фӕлтӕрӕй иннӕмӕ не ’рхауы.


Уӕд Исайа загъта Езекиайӕн: «Байхъус, уӕдӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕг цы зӕгъы, уымӕ!


Стӕй йӕ Хуыцау ӕнӕхай фӕкодта йӕ паддзахдзинадӕй ӕмӕ сын паддзахӕй сӕвӕрдта Давиды. Хуыцау Йӕхӕдӕг Давиды тыххӕй загъта: „Ӕз ссардтон Давиды, Йессейы фырты. Уый у, Мӕ зӕрдӕйӕн ӕхцон чи у, ахӕм адӕймаг — уый Мын Мӕ алы фӕндон дӕр сӕххӕст кӕндзӕн“.


Давид ссардта Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ Дзы куырдта Йаковы Хуыцауӕн хӕдзар саразыны бар.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау, ӕппӕт дӕр Кӕмӕн у ӕмӕ ӕппӕт дӕр Кӕмӕй рацыд, Йӕ хъӕбултӕй бирӕтӕм Йӕ кады Чи раргом вӕййы, Уый хъуамӕ алцӕмӕй дӕр скодтаид ӕххӕст сӕ ирвӕзындзинады Фӕтӕджы, хъизӕмӕрттӕ Йын бавзарын кӕнгӕйӕ.


Иу у сӕ азым дӕсныфӕрсӕг ӕмӕ ӕнӕсӕттонӕн, хӕдзарон хуыцаугӕндтӕн кувӕг ӕмӕ хивастӕн. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл дӕхи кӕй атигъ кодтай, уымӕ гӕсгӕ дыл Уый дӕр атигъ кодта Йӕхи, цӕмӕй паддзахиуӕг мауал кӕнай».


Самуел ын дзуапп радта: «Нӕ раздӕхдзынӕн демӕ. Дунедарӕджы фӕдзӕхстыл атигъ кодтай дӕхи, ӕмӕ дыл Дунедарӕг дӕр Йӕхи атигъ кодта — Израилӕн нал уыдзынӕ йӕ паддзах».


Самуел ын загъта: «Гъе афтӕ дӕуӕй дӕр абон Дунедарӕг ратыдта Израилы паддзахад ӕмӕ йӕ радта ӕндӕрӕн, дӕуӕй хуыздӕрӕн.


Дунедарӕг загъта Самуелӕн: «Кӕдмӕ хъынцъым кӕндзынӕ Саулыл? Ӕз ыл атигъ кодтон Мӕхи — уый нал уыдзӕн Израилы паддзах. Сыкъа сойӕ байдзаг кӕн ӕмӕ цу, ӕрвитын дӕ вифлеемаг Йессеймӕ. Уымӕн йӕ фырттӕй Ӕз равзӕрстон иуы, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрон».


Йессей йӕм арвыста, ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой. Сырхуадул лӕппу, рӕсугъд цӕстытӕ йын, бакастӕй — зӕрдӕмӕдзӕугӕ. Дунедарӕг Самуелӕн загъта: «Байсӕрд ӕй! Уый у».


Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы, Ӕз дын зӕрдӕ бавӕрдтон: дӕ хӕдзар ӕмӕ Мын дӕ мыггаг ӕнусмӕ кӕндзысты лӕггад. Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ уымӕн уӕвӕн нал ис! — зӕгъы Дунедарӕг. Аргъуыц Мӕ чи кӕны, Ӕз уыдоны сбӕрзонд кӕндзынӕн, чи Мӕ нӕ нымайы, уыдоны та ӕрныллӕг кӕндзынӕн!


Кӕд фендӕуыд афтӕ, ӕмӕ, йе знагыл чи сӕмбӕлд, уый йӕ фарнимӕ ауадза йӕ фӕндагыл? Дунедарӕг дын хорзӕй бафиддзӕн, абон мын цы хорздзинад сарӕзтай, уый!


Ӕмӕ Дунедарӕг дӕу тыххӕй хорзӕй цыдӕриддӕр загъта, ме ’лдар, уыдон куы сӕххӕст кӕна ӕмӕ дӕ Израилы фӕтӕг куы скӕна,


«Райсом дӕм ацафон ӕрбарвитдзынӕн иу лӕджы, Бениамины зӕххыл цӕрджытӕй. Байсӕрд-иу ӕй паддзахӕй, цӕмӕй Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, ӕлдариуӕг кӕна ӕмӕ Мын Мӕ адӕмы филистимӕгты къухӕй фервӕзын кӕна, уымӕн ӕмӕ Ӕз Ме ’фхӕрд адӕммӕ ӕркастӕн, ӕмӕ Мӕм сӕ сау марой фехъуыст».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ