Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 13:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 ӕмӕ ахъуыды кодтон: ныртӕккӕ мӕм филистимӕгтӕ ӕрбабырсдзысты Гилгалмӕ, ӕз та Дунедарӕгӕн нӕма балӕгъстӕ кодтон. Гӕнӕн мын куынӕуал уыд, уӕд мӕхӕдӕг ӕрхастон иууылсудзинаг нывонд».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 13:12
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

цӕмӕй зӕххы цъары ӕппӕт адӕмтӕн раргом уа Дӕ фӕндаг, Дӕ ирвӕзындзинад.


Сымах дзурут: «Мӕйноджы бӕрӕгбон куы фӕуа, уӕд та хор уӕй кӕндзыстӕм, сабаты фӕстӕ байгом кӕндзыстӕм нӕ хордӕттӕ. Ефӕйы уӕз та фӕкъаддӕр кӕндзыстӕм, шекелы аргъ фӕфылдӕр кӕндзыстӕм, раст чи нӕ бары, ахӕм барӕнтӕй адӕмы фӕливдзыстӕм.


Йӕ цӕст цас уарзы, алчидӕр уый бӕрц хъуамӕ ратта ӕнӕхъынцъымӕй ӕмӕ барвӕндонӕй, уымӕн ӕмӕ, зӕрдӕрухсӕй чи дӕтты, Хуыцау уыцы адӕймаджы уарзы.


Фӕлӕ йӕ Самуел афарста: «Уый цы бакодтай?» Саул ын дзуапп радта: «Ӕз уыдтон, адӕм лидзын райдыдтой, ды ӕмгъуыды бонмӕ не ’рбацыдтӕ, филистимӕгтӕ та ныридӕгӕн Михмасы ӕрӕмбырд сты,


Самуел загъта Саулӕн: «Ӕнӕзонд ми бакодтай. Дунедарӕг дын, дӕ Хуыцау, цы бафӕдзӕхста, уый нӕ сӕххӕст кодтай. Ӕндӕра дын Дунедарӕг дӕ хӕдзарӕн раттаид Израилы сӕргъы мыггагмӕ паддзахиуӕг кӕныны бар.


Сӕумӕрайсом араст ис Саулы агурӕг. Самуелӕн фехъусын кодтой, Саул Кармелмӕ бацыди, уым йӕхицӕн кады цыртдзӕвӕн ныссагъта, стӕй уырдыгӕй рацыди ӕмӕ Гилгалмӕ ныххӕццӕ ис, зӕгъгӕ.


Самуел ын загъта: «Ау, Дунедарӕгӕн иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ иннӕ нывӕндтӕ Йӕ дзырдмӕ Йын хъусынӕй ӕхцондӕр фесты? Нӕ! — уисӕн кӕнын хуыздӕр у нывондӕй, коммӕ кӕсын та — тохъхъылты фиуӕй.


Уыцы бон уым, Дунедарӕджы хӕдзары, уыди Саулы дӕлдӕртӕй иу, йӕ фыййӕутты хицау, едомаг, йӕ ном — Доег.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ