Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 13:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Фӕлӕ йӕ Самуел афарста: «Уый цы бакодтай?» Саул ын дзуапп радта: «Ӕз уыдтон, адӕм лидзын райдыдтой, ды ӕмгъуыды бонмӕ не ’рбацыдтӕ, филистимӕгтӕ та ныридӕгӕн Михмасы ӕрӕмбырд сты,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 13:11
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг Хуыцау сылгоймаджы бафарста: «Уый цы бакуыстай?» Сылгоймаг загъта: «Калм мӕ фӕрӕдийын кодта, ӕмӕ дзы уымӕн бахордтон».


Дунедарӕг та бафарста: «Уый цы бакуыстай? Де ’фсымӕры туг дыл зӕххӕй ӕвдисӕн кӕны.


Йоав паддзахмӕ бацыди ӕмӕ йын загъта: «Уый цы бакодтай? Авнер дӕм йӕхи къахӕй куы ӕрбацыди, уӕд ма йӕ цӕмӕн ауагътай?


йӕхӕдӕг йӕ хицауы раз балӕууыд. «Кӕм уыдтӕ, Гиези?» — бафарста йӕ Елисей. «Дӕ цагъар йӕ къах ардыгӕй ӕддӕмӕ нӕ авӕрдта», — дзуапп радта Гиези.


Ассириӕгтӕ бабырстой Гаййатмӕ, Мигроны уылты ацыдысты, Михмасы ныууагътой сӕ чырӕ,


Йешуа загъта Аханӕн: — Мӕ фырт, скад кӕн Дунедарӕгӕн, Израилы Хуыцауӕн, сыстау Ӕй! Радзур мын, цы бакодтай, уый, мацы мӕ басусӕг кӕн.


ӕмӕ ахъуыды кодтон: ныртӕккӕ мӕм филистимӕгтӕ ӕрбабырсдзысты Гилгалмӕ, ӕз та Дунедарӕгӕн нӕма балӕгъстӕ кодтон. Гӕнӕн мын куынӕуал уыд, уӕд мӕхӕдӕг ӕрхастон иууылсудзинаг нывонд».


Саул ӕмӕ йӕ фырт Ионатан, семӕ цы адӕм баззад, уыдонимӕ ӕрбынат кодтой Бениамины Гевӕйы. Филистимӕгты рӕсӕнуат та Михмасы уыди.


Израилӕгтӕй Саул йӕхицӕн равзӕрста ӕртӕ мин лӕджы. Уыдонӕй дыууӕ мины Саулимӕ уыдысты Михмасы ӕмӕ Вефилы хӕхбӕсты, иу мин та — йӕ фырт Ионатанимӕ Бениамины Гевӕйы. Иннӕ адӕмы Саул ауагъта сӕ хӕдзӕрттӕм.


Филистимӕгты ӕфсӕддон къорд рацыди Михмасмӕ бацӕуӕн бахъахъхъӕнынмӕ.


Филистимӕгтӕ растадысты Израилы ныхмӕ схӕцынмӕ. Уыди сӕм ӕртӕ мин тохуӕрдоны, ӕхсӕз мин бӕхджын ӕфсӕддоны ӕмӕ денджызы былгӕрон змисау ӕнӕнымӕц фистӕг ӕфсад. Ӕрбацыдысты ӕмӕ Бет-Авенӕй скӕсӕнӕрдӕм, Михмасы цур, рӕсӕнуаты ӕрлӕууыдысты.


Иу дзы уыди цӕгатӕрдыгӕй, Михмасы ныхмӕ, иннӕ та — хуссарӕрдыгӕй, Гевӕйы ныхмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ