5 Уый сын загъта: «Абон Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрст — ӕвдисӕнтӕ, кӕй ницы мӕм ссардтат азымӕй, уый тыххӕй». Дзуапп ын радтой: «Ӕвдисӕнтӕ».
Мӕ чызджыты мын куы ӕфхӕрай кӕнӕ ма ӕндӕр устытӕ куы ӕрхӕссай, уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар: ам нӕ цуры ӕвдисӕны номыл иу адӕймаг дӕр нӕй — Хуыцау у нӕ дыууӕйӕн ӕвдисӕн!»
Уӕлӕрвты мын ис Ӕвдисӕн, бӕрзӕндты мын ис Сӕрылхӕцӕг.
Дунедарӕг Иовимӕ Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд загъта теманаг Елифазӕн: «Дӕумӕ дӕр ӕмӕ дӕ дыууӕ ’мбалмӕ дӕр фыр мӕстӕй судзын — сымах Мӕн тыххӕй Мӕ цагъар Иовы хуызӕн раст кӕй нӕ дзырдтат, уымӕн.
Дунедарӕг — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар, мӕ ирвӕзынгӕнӕг! Мӕ Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх, мӕ уарт, мӕ ирвӕзӕн хох, мӕ фидар гӕнах!
Цы адавта, уый йӕм — гал уа, хӕрӕг ӕви фыс — удӕгасӕй куы ссарой, уӕд-иу ӕй бафидӕд дывӕрӕй.
Пилат Ӕй бафарста: «Цы у ӕцӕгад?» Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Пилат ногӕй рацыд иудейӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕз Ӕм ницы азым арын.
Стыр хъӕлӕба систой. Фарисейты динамонджытӕй цалдӕр сыстади ӕмӕ загъд самадтой: «Ацы адӕймагмӕ мах ӕвзӕрӕй ницы уынӕм. Кӕд ын уыдӕттӕ мон кӕнӕ зӕд загъта, уӕд та?»
Уымӕ гӕсгӕ ӕз архайын Хуыцауы ӕмӕ адӕмы раз кӕддӕриддӕр сыгъдӕг цӕсгомимӕ цӕрыныл.
Кӕнӕ, ам чи ис, уыдон зӕгъӕнт, синедрионы раз куы лӕууыдтӕн, уӕд мӕм цы азым ссардтой, уый.
Кӕд мӕ зӕрдӕ мӕхимӕ ницӕмӕй ӕхсайы, уӕддӕр уымӕй мӕхи нӕ раст кӕнын; тӕрхонгӕнӕг мын Бардарӕг у.
Нӕхицӕй мӕнӕ цӕмӕйты хъал стӕм: зӕххыл мах, уӕлдайдӕр та сымахимӕ абаргӕйӕ, цӕрӕм, Хуыцауӕн фӕндон куыд уа, афтӕ — хӕдӕфсарм ӕмӕ ӕнӕхинӕй; адӕймаджы зондмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхмӕ гӕсгӕ. Уымӕн нӕ зӕрдӕ — не ’вдисӕн.
Дзуапп ын радтой: «Ды нӕ никӕй бастыгътай, никӕй нӕ бафхӕрдтай, никӕмӕй нӕ ницы райстай».
Фӕлӕ йын Давид загъта: «Ма йӕ амар! Дунедарӕджы байсӕрстмӕ йӕ къух чи сиса, уый ӕвыдӕй нӕ баззайдзӕн».