4 Дзуапп ын радтой: «Ды нӕ никӕй бастыгътай, никӕй нӕ бафхӕрдтай, никӕмӕй нӕ ницы райстай».
Стыр хицӕуттӕ ӕмӕ барджынтӕ Даниилмӕ сӕ хъус дардтой: паддзахады ныхмӕ исты фыдракӕнд кӕд сараздзӕн, уымӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, цӕмӕй йӕ фӕазымджын кӕной. Фӕлӕ Даниил уыдис иузӕрдион йӕ паддзахыл, ӕмӕ йӕм сӕ бон исты аипп ссарын нӕ уыди.
Уыдонмӕ уырнындзинад кӕй уыдис, уый фӕрцы уӕлахиз кодтой паддзахӕдтыл, сӕ хъуыддӕгтӕ уыдысты раст, Хуыцау-иу сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу райстой, сӕхгӕдтой-иу домбӕйтты дзыхтӕ,
Димитрийы тыххӕй хорз дзурынц се ’ппӕт дӕр, ӕмӕ дзы афтӕ зӕгъы ӕцӕгад йӕхӕдӕг дӕр. Мах дӕр стӕм ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ, нӕ ныхас ӕцӕг кӕй у, уый хорз зоныс.
Ныр уӕ разы дӕн, ӕмӕ мын Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрсты раз комкоммӕ зӕгъут: искӕмӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг байстон? Искӕй бастыгътон? Искӕй бафхӕрдтон? Искӕмӕй гӕртам райстон ӕмӕ уыцы гӕртамӕй мӕ цӕстытӕ бакуырм кодтон? Афтӕ кӕд у, уӕд зӕгъут, ӕмӕ уын сӕ бафиддзынӕн».
Уый сын загъта: «Абон Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ байсӕрст — ӕвдисӕнтӕ, кӕй ницы мӕм ссардтат азымӕй, уый тыххӕй». Дзуапп ын радтой: «Ӕвдисӕнтӕ».