Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




1 Паддзахӕдтӕ 12:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уӕд Дунедарӕг рарвыста Иеруббаалы, Беданы, Йеффайы ӕмӕ мӕн, Самуелы, фервӕзын уӕ кодта уӕ алыварс знӕгтӕй, ӕмӕ цардыстут ӕдасӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




1 Паддзахӕдтӕ 12:11
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг Израилы адӕмӕн ирвӕзынгӕнӕджы радта, ӕмӕ арамейӕгты ӕфсондзы бынӕй суӕгъд сты. Сӕ цӕрӕнты ӕдасӕй цӕрын райдыдтой, уымӕй размӕ куыд уыдис, афтӕ.


Уламы фырт хуынди Бедан. Адон сты Галаады байзӕддӕгтӕ, рацыдысты Менассиайы фырт Махиры артӕй.


Иу хатт Деворӕ фӕсидтис Авиноамы фырт Баракмӕ. Уый царди Кедешы сахары, Неффалимы зӕххыл. Куы ’рбацыди, уӕд ын Деворӕ загъта: «Дунедарӕг, Израилы Хуыцау, зӕгъы дӕуӕн: „Фаворы хохмӕ демӕ Неффалим ӕмӕ Зевулоны хӕдзарвӕндӕгтӕй дӕс мин хӕстоны акӕн ӕмӕ уым ӕрлӕуу.


Дунедарӕг ӕм бакаст ӕмӕ йын загъта: «Уӕ сахъ гуырд, цӕугӕ ӕмӕ Израилы мидианӕгты ӕфсондзӕй фервӕзын кӕн. Ӕз дӕ ӕрвитын».


Уӕд Иоас, йӕ алыварс цы адӕм ӕрӕмбырд, уыдоныл ныхъхъӕр кодта: «Ӕмӕ Баалы сӕрыл сымах хъуамӕ хӕцат? Йӕ фарс чи хӕца, уый ацы тӕккӕ райсом амарын кӕндзынӕн! Кӕд Баал хуыцау у, уӕд йӕхӕдӕг тох кӕнӕд йемӕ, уымӕн ӕмӕ йын йӕ нывондхӕссӕн ныппырх кодта!»


Уыцы бон Гедеонӕн радтой ном Иеруббаал. Уый амоны «Баал йемӕ тох кӕнӕд», зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ Гедеон Баалы нывондхӕссӕн ныппырх кодта.


Райсомӕй раджы Иеруббаал, ома Гедеон, йе ’фсадимӕ Хароды суадоны был рӕсӕнуат скодта. Мидианӕгты рӕсӕнуат та уыдис цӕгатӕрдыгӕй, дӕлвӕзы, Морейы хохы цур.


Иоасы фырт Иеруббаал (ома Гедеон) йӕ хӕдзары ӕрцарди.


Стӕй Иеруббаалы (Гедеоны) мыггагӕн дӕр, Израилы сӕраппонд цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон хӕрзтӕй нӕ бафыстой.


Ӕмӕ Данӕй суанг Беер-Шевӕйы онг ӕппӕт Израил дӕр базыдта, Дунедарӕг Самуелы Йӕхицӕн пехуымпарӕй кӕй равзӕрста, уый.


Афтӕ саст ӕрцыдысты филистимӕгтӕ ӕмӕ Израилы арӕнтӕм нал бырстой. Дунедарӕг сӕ суанг Самуелы амӕлӕты онг уӕлӕмӕ скӕсын нал суагъта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ