5 Уыцы рӕстӕг Саул йӕ галты фӕстӕ ӕрбацӕйцыди быдырӕй ӕмӕ бафарста: «Цы ’рцыди адӕмыл, цӕуыл кӕуынц?» Ӕмӕ йын Иавешы цӕрджыты ныхӕстӕ рафӕзмыдтой.
Фӕлӕ Хуыцау фехъуыста лӕппуйы кӕуын, ӕмӕ Хуыцауы зӕд уӕларвӕй Агармӕ фӕсидти: «Цы кӕныс, Агар? Ма тӕрс! Хуыцау лӕппуйы кӕуын фехъуыста, кӕм ӕй ныууагътай, уырдыгӕй.
Илийа Хоревы хохӕй куы ӕрхызт, уӕд амбӕлди Шафаты фырт Елисейыл. Уый галты дыууадӕс цӕдыл хуым кодта, йӕхӕдӕг та цыди дыууадӕсӕмы фӕдыл. Илийа йӕ цурты куы фӕцӕйцыд, уӕд ыл йӕ пӕлӕз баппӕрста,
Рагуац Цӕстылуайӕнты дӕлвӕзы тыххӕй. Дӕ цӕрджытӕ уӕлхӕдзӕрттӕм цы схызтысты?
Даны байзӕддӕгтӕ фӕсте хъӕртӕ куы айхъуыстой, уӕд разылдысты ӕмӕ Михайы бафарстой: «Цы дӕ хъӕуы? Цӕмӕн ӕрӕмбырд кодтай адӕмы?»
Бениамины зӕххыл царди иу лӕг, йӕ ном — Киш, Бениамины мыггагӕй, нымад адӕймаг. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Авиел, Церор, Бехорат, Афиах.